1 Мӕ зӕрдӕ йӕхи къултыл уымӕн хойы, рагӕппӕввонг у мӕ риуӕй.
Куы ахъуыды кӕнын, уӕд мӕхиуыл дӕр стыр тас бахӕцы, ӕмӕ ӕмризӕджы нырризын.
Арвы гыбар-гыбур дзуры Йе ’рбацыдыл, фыддзинадмӕ Йӕ маст кӕй рафыхти, ууыл.
Хъусут, хъусут Йӕ нӕргӕ хъӕлӕсмӕ, ӕрвнӕрды уынӕр цӕуы Йӕ комӕй,
Уӕд Иовмӕ уадтымыгъӕй радзырдта Хуыцау, загъта йын:
фыр тӕссӕй ризӕг бахӕцыд, ме уӕнгтӕ ӕрызгъӕлдысты:
Уымӕн ӕмӕ мах Дӕ азарӕй фесӕфӕм, Дӕ маст ныл ӕвирхъау тас ӕфтауы.
Ӕртыккаг бон сӕумӕйӕ арв нӕрын, цӕхӕртӕ калын байдыдта, стӕй хохыл ӕрбадти бӕзджын ӕврагъ. Хъӕрӕй ныууасыд сыкъауадындз, ӕмӕ рӕсӕнуаты адӕм барызтысты.
Ау, хъуамӕ сымах ма тӕрсат Мӕнӕй? — зӕгъы Дунедарӕг. — Ау, фыр тӕссӕй Мӕ разы хъуамӕ ма ризат? Ӕз денджызӕн змисӕй скодтон ӕнусон арӕн, ӕмӕ денджызӕн нӕй ахизӕн йӕ сӕрты. Ныййарц вӕййынц уылӕнтӕ, фӕлӕ сӕ бон нӕу арӕныл фӕуӕлахиз уӕвын, сабухынц, фӕлӕ арӕны сӕрты сӕ бон ахизын нӕу.
Куы фехъуыстон ӕз ацы уац — мӕ зӕрдӕ барызти. Дӕ хъӕлӕсӕй ныззыр-зыр кодтой былтӕ, рыст ме стджыты дӕр ахызти. Мӕ къӕхты бын ӕз нал ӕмбӕрстон зӕхх, фӕлӕ фӕразонӕй кӕсдзынӕн ӕз ӕнхъӕлмӕ не знӕгты фыдбылызмӕ.
Ӕваст зӕхх афтӕ тынг нынкъуысыд, ӕмӕ ахӕстон йӕ бындурӕй нызмӕлыд. Уайсахат байгом сты ахӕстоны ӕппӕт дуӕрттӕ, ӕмӕ ахӕстытӕ иууылдӕр сӕ рӕхыстӕй суӕгъд сты.
Уӕд хъахъхъӕнӕг ӕрбахӕссын кодта цырагъ, базгъордта ахӕстонмӕ ӕмӕ тӕрсгӕ-ризгӕйӕ Павел ӕмӕ Силӕйы къӕхтӕм йӕхи ӕрӕппӕрста.
Даны тыххӕй загъта: „Дан у лӕппын домбай, Башаны хохӕй ӕргӕпп кӕны“.