32 Уый Йӕ армы арвӕрттывд дары, кӕдӕм цӕвын хъӕуы, уый йын амоны.
Уый сӕвӕрдта Йӕ паддзахы бадӕн, Йӕ мигъӕй йӕ ӕрӕмбӕрзта.
Хуыцау мигътӕ байдзаг кӕны донӕй, арвӕрттывдтӕ райдзӕгъды ӕврӕгътӕй.
Мигътӕ Йӕ фӕндонӕй зилдух кӕнынц, сӕ хуыз аивынц; Уый сын куыд фӕзӕгъы, афтӕ кӕнынц ӕгас зӕххы къорийыл.
Зоныс ӕй, мигътӕ Хуыцауы коммӕ куыд кӕсынц, арвӕрттывдӕй куыд ныррухс кӕны мигъ?
Арвӕрттывд, кӕдӕм ын зӕгъай, уырдӕм ныййарц уыдзӕн, зӕгъдзӕн дын, цӕттӕ дӕн, зӕгъгӕ?
стыр рухсгӕнӕнтӕ сфӕлдыста — Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.
арт ӕмӕ их, мит ӕмӕ мигъ, Йӕ ныхас ӕххӕстгӕнӕг уаддымгӕ,
Зӕрдӕйӕн ӕхцондӕр сты сыгъзӕринӕй, суанг ӕнӕнымӕц сыгъдӕг сыгъзӕринӕй, адджындӕр сты мыдӕй ӕмӕ мыды фӕзгъӕртӕй.
Мӕ дзыхӕй рацӕугӕ ныхӕстӕ, мӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ, ӕхсызгон уӕнт Дӕуӕн, Дунедарӕг! Ды — мӕ къӕдзӕх, мӕ ирвӕзынгӕнӕг.
Бирӕ бонты дӕргъы нӕдӕр хур, нӕдӕр стъалытӕ кӕй нӕ зындысты, уадӕн дӕр ӕрӕнцайӕн кӕй нал уыд, уымӕ гӕсгӕ фервӕзыныл нӕ зӕрдӕ нал дардтам.