3 Дардӕй райдайдзынӕн мӕ ныхас, цӕмӕй ме Скӕнӕджы рӕстдзинад равдисон.
Ӕмӕ уӕд Барахелы фырт Елигуйӕн йӕ маст рафыхти. Елигу уыдис Бузийы байзӕддӕгтӕй, Рамы мыггагӕй. Иовмӕ уымӕн смӕсты ис, ӕмӕ уый йӕхи Хуыцауӕй растдӕр хуыдта,
Фӕлӕ адӕймагӕн йӕ мидӕг ис царды комулӕфт, уд, Ӕппӕтхъомысы комулӕфт ӕй схайджын кӕны зондӕй!
Мӕнӕ Иов загъта, ӕз, дам, раст дӕн, Хуыцау та мын мӕ хъуыддаг не ’взары.
«Чысыл-ма мын бабыхс, ӕмӕ дын зӕгъон Хуыцауы тыххӕй ноджы мӕ зӕгъинаг.
Ӕппӕтхъомысыл не ’ххӕссы нӕ зонд. Йӕ хъомысӕй, Йӕ раст тӕрхонӕй цытджын у. Йӕ рӕстад у ӕгӕрон, Уый никӕй ӕфхӕры.
„Куыд уыдзӕн адӕймаг Хуыцауӕй растдӕр? Куыд уыдзӕни лӕг йе Скӕнӕгӕй сыгъдӕгдӕр?
Ау, Хуыцау тӕрхон сзыгъуыммӕ кӕны? Ау, Ӕппӕтхъомыс рӕстдзинад сзыгъуыммӕ кӕны?
Дунедарӕджы ныхӕстӕ сыгъдӕг сты, куынцгомы кӕй бахсыстӕуыд ӕмӕ авд хатты кӕй батайын чындӕуыд, ахӕм ӕвзистау.
О Дунедарӕг, Ды дӕ раст Хуыцау, ӕмӕ Дӕумӕ хӕссын мӕ хъаст! Ӕз Демӕ дзурдзынӕн рӕстдзинадыл! Ӕнӕхуыцӕуттӕ ӕнтыстджын цӕмӕн сты, мӕнгардтӕ — амондджын?
Ӕмӕ нын уӕд Дунедарӕг стыр фыдӕх бавзарын кодта, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, Йӕ алы хъуыддаджы дӕр раст у, мах та Йӕм нӕ хъуыстам.
Дунедарӕг, Ды кӕддӕриддӕр иузӕрдион дӕ, фӕлӕ мах, Йерусалимы цӕрджытӕ ӕмӕ иудейӕгтӕ, ӕгас Израилы адӕм, абоны онг фидиссагӕй цӕрӕм. Нӕ фыдракӕндты аххосӕй нӕ алы бӕстӕты ныххӕлиу кодтай.
Хуссары ус-паддзах Тӕрхоны Бон растдзӕн ацы фӕлтӕры ныхмӕ ӕмӕ йӕ базылын кӕндзӕни, уымӕн ӕмӕ уый зӕххы кӕронӕй ӕрбацыд Соломоны уӕлзондмӕ байхъусынмӕ. Ныр та ам ис, Соломонӕй уӕлдӕр Чи у, Уый.
Уый цӕуыл дзурӕг у? Ау, Хуыцау раст нӕ кӕны? Ницы хуызы!
Уый у Къӕдзӕх. Ӕнӕлаз у Йӕ алы хъуыддаг дӕр, Йӕ алы фӕндаг дӕр — рӕстаг. Иузӕрдион у Уый, ницы Йӕм ис сайдӕй, рӕстаг у ӕмӕ раст тӕрхон кӕны.
Хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уый дӕр, стӕй алы ӕххӕст лӕвар дӕр ӕрцӕуынц уӕлӕрвтӕй, иудадзыг иухуызон Чи у ӕмӕ ӕппындӕр Чи нӕ ивы, Уымӕй — рухсы Фыдӕй.
Фӕлӕ уӕ кӕд искӕмӕн йӕ зонд фаг не ’ххӕссы, уӕд алкӕмӕн дӕр рӕдауӕй ӕмӕ ӕнӕ уайдзӕфӕй дӕттӕг Хуыцауӕй ракурӕд, — ӕмӕ йын ратдзӕн.
Уӕларвӕй ӕрцӕугӕ зонд та фыццаджыдӕр у сыгъдӕг, стӕй у фидауынгӕнӕг, сӕрныллӕг, коммӕгӕс, фӕлмӕнзӕрдӕ, йӕ хъуыддӕгты дыргътӕ сты хорз, никӕй хъулон кӕны, цӕстмӕмитӕ йӕм нӕй.
ӕмӕ зарынц Хуыцауы цагъар Моисейы зарӕг ӕмӕ Уӕрыччы зарӕг: «Стыр ӕмӕ диссаг сты Дӕ хъуыддӕгтӕ, Ӕппӕтылхӕцӕг Дунедарӕг Хуыцау! Раст ӕмӕ ӕцӕг сты Дӕ фӕндӕгтӕ, адӕмты Паддзах!