29 Чи бамбардзӕн, мигътӕ куыд тӕхынц, уый, ӕрвнӕрды гыбар-гыбур — Йӕ цатыры?
Талынгӕй Йӕ алыварс скодта ӕмбӕрзӕн, саувадыг мигътӕ ӕртыхстысты Йӕ алыварс.
Уый ӕрмӕст — Йӕ хъуыддӕгты чысыл хай, куыд гыццыл фехъуыстам Уый тыххӕй! Уӕдӕ Йын Йӕ хъомысы нӕрын та кӕй зонд ӕрцахсдзӕн?»
къӕвдатӕн — кӕм уаргӕ сын у, уый, арвӕрттывдӕн фӕндаг куы амыдта,
Ӕврӕгътӕй ӕркӕлынц, сахайӕ адӕмы ныххуылыдз кӕнынц.
Мӕнӕ ныррухс кодта мигътӕ, денджызы бын балӕууыдысты Йӕ фӕттӕ.
Хуыцау мигътӕ байдзаг кӕны донӕй, арвӕрттывдтӕ райдзӕгъды ӕврӕгътӕй.
Зоныс, мигътӕ арвастӕу куыд лӕууынц? Уый алцыдӕр зоны ӕххӕстӕй, диссаг сты Йӕ хъуыддӕгтӕ.
Уый бӕрц куырыхон чи у, цӕмӕй мигътӕ банымайа кӕнӕ уӕларвон мигӕнӕнтӕ фӕкъул кӕна,
мигъты йӕ куы батыхтон ӕмӕ йӕ тарӕй куы бамбӕрзтон;
Раппӕлут Ын Йӕ уаз номӕй, Дунедарӕджы чи агуры, уыдон цинӕй райӕнт!
Уый махӕн у нӕ Дунедарӕг Хуыцау, ӕгас зӕххы тӕрхонгӕнӕг.
Чи уыны йӕ рӕдыдтытӕ? Ӕнӕзонгӕйӕ цы тӕригъӕдтӕ ракодтон, уыдонӕй мӕ ссыгъдӕг кӕн!
Зӕххы зиллаккӕн йӕ сӕрмӕ бады Уый. Зӕххыл чи цӕры, уыдон цъырцъырӕгтӕй уӕлдай не сты. Уый та уӕлӕрвтӕ айтыгъта уӕздан уӕфтӕй, ӕрцарӕзта сӕ цатырау, цӕмӕй сӕ быны уа цӕрӕн.
Дунедарӕг Йӕ маст исынмӕ нӕ тагъд кӕны. Ӕгӕрон у Йӕ хъомыс, хӕрам митӕ ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ ныууадзы. Уадтымыгъ ӕмӕ тыгъдызӕйы рацӕйцӕуы Дунедарӕг, ӕврӕгътӕ рыджы хуызӕн бассӕнды Йӕ къӕхты бын.
ныррызтысты Дӕ уындӕй хӕхтӕ. Тыгъдызӕй ныккалдта уӕларвӕй, фурды ӕнӕбын арф ныббогъ кодта, йӕ уылӕнтӕ систа хӕрдмӕ.