26 Стыр Хуыцауы махӕн нӕ бон базонын нӕу, Йӕ азты нымӕцӕн банымайӕн нӕй.
Ӕниу Хуыцау зӕххыл куыд хъуамӕ ӕрцӕра? Уӕларв ӕмӕ уӕлдунетӕ дӕр Дын ӕгӕр къуындӕг куы сты, куы нӕ Дыл ӕххӕссынц, уӕд Дын ӕз цы Кувӕндон сарӕзтон, уым куыд бацӕудзынӕ?
Исты Дӕ бонтӕ адӕймаджы бонтау сты, Дӕ азтӕ — адӕймаджы азтау?
Уый ӕрмӕст — Йӕ хъуыддӕгты чысыл хай, куыд гыццыл фехъуыстам Уый тыххӕй! Уӕдӕ Йын Йӕ хъомысы нӕрын та кӕй зонд ӕрцахсдзӕн?»
Алчидӕр сӕ уыны, адӕммӕ дардмӕ дӕр зынынц.
Уый ӕрӕмбырд кӕны доны ’ртӕхтӕ, ӕмӕ сӕ къӕвдайы ’ртӕхтӕ фестын кӕны.
Ӕппӕтхъомысыл не ’ххӕссы нӕ зонд. Йӕ хъомысӕй, Йӕ раст тӕрхонӕй цытджын у. Йӕ рӕстад у ӕгӕрон, Уый никӕй ӕфхӕры.
Дисы ӕфтауы Хуыцауы хъӕлӕс, зонд нӕ ахсы Йе стыр хъуыддӕгтӕ.
Уӕ зӕрдӕ ма дарут нӕдӕр хицӕуттыл, нӕдӕр адӕймагыл — уый уын ирвӕзындзинад не ’рхӕсдзӕн.
Дунедарӕгӕн зӕгъы: «Ды — мӕ ирвӕзӕн фидар, мӕ къӕдзӕх, мӕ зӕрдӕ Кӕуыл дарын, уыцы Хуыцау!»
Абон мах кӕсӕм, рӕстмӕ кӕм ницы уынӕм, ахӕм айдӕнмӕ кӕсӕгау, уӕд та кӕсдзыстӕм лӕгӕй-лӕгмӕ, комкоммӕ. Ныртӕккӕ мӕ зонынад ӕххӕст нӕу, уӕд та базондзынӕн ӕххӕстӕй, мӕн Хуыцау ӕххӕстӕй куыд базыдта, афтӕ.
Стухдзынӕ сӕ ӕмӕ сӕ раивдзынӕ дарӕсау. Ды та ӕнӕивгӕ уыдзынӕ, ӕмӕ Дӕ бонтӕ никуы фӕуыдзысты».
Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, иу хъуыддаг сымахӕн хъуамӕ сусӕг ма уа: Бардарӕгӕн иу бон мин азы хуызӕн у, мин азы та — иу боны хуызӕн.