24 Ма Йын рох кӕн Йӕ хъуыддӕгтӕ стауын, адӕм кады зарджытӕ кӕуыл скодтой, уыдон.
Зарут Ын, зарджыты Йӕ сыстаут, хъусын Ын кӕнут Йӕ диссӕгтӕ.
Алчидӕр сӕ уыны, адӕммӕ дардмӕ дӕр зынынц.
Ӕмӕ Хуыцау сбирӕ кодта Йӕ адӕмы, ӕмӕ йӕ скодта йе знӕгтӕй тыхджындӕр.
Хуыцау загъта Йӕ рухс Кувӕндоны: «Цинӕй райдзынӕн Мӕ уӕлахизыл ӕмӕ Мӕ адӕмыл байуардзынӕн Шехемы зӕхх, абардзынӕн сын Суккоты дӕлвӕз дӕр.
Сабыр у йӕ зӕрдӕ, нӕ фӕтӕрсдзӕни, йе знӕгтӕм кӕсгӕйӕ.
Разӕрдыгӕй дӕр мӕ хъахъхъӕныс ӕмӕ фӕстӕрдыгӕй дӕр, Дӕ арм мыл дарыс.
Дунедарӕджы хъӕлӕс кедртӕ акалы, ливайнаг кедртӕ афӕлдахы Дунедарӕг.
Слас Дӕ кард ӕмӕ ӕрлӕуу мӕ фӕдылзилджыты ныхмӕ! Зӕгъ мӕ удӕн: «Ӕз дӕ ирвӕзынгӕнӕг дӕн!»
Ды сын сӕ фӕндаг скӕныс бырынцъаг ӕмӕ сӕ быныскъуыд фӕкӕндзынӕ.
Уӕд Моисей ӕмӕ израилӕгтӕ Дунедарӕджы кадӕн арфӕйы зарӕг систой: «Цӕй ӕмӕ ныззарон Дунедарӕгыл, стыр ӕмӕ кадджын Хуыцауыл! Уый фӕдӕлдон кодта бӕхтӕ ӕмӕ барджыты.
Уый Йӕ хъомысӕй сфӕлдыста зӕхх, Йӕ уӕлзонды фӕрцы сфидар кодта дуне, ӕгӕрон зондӕй айтыгъта уӕлӕрвтӕ.
Мӕн фӕндыд, мӕ фын цы амоны, уый бамбарын ӕмӕ Вавилоны куырыхонтӕм фӕсидтӕн.
Уӕд Мариа загъта: «Стауы мӕ зӕрдӕ Дунедарӕджы!
Арвыл хур, мӕй, стъалытӕ, ӕппӕт уӕларвӕфсады уындӕй уӕ зӕрдӕ ма бацыбӕл уӕд уыдонӕн кувынмӕ: арвы бын цыдӕриддӕр адӕмтӕ ис, уыдонӕн сӕ радта Дунедарӕг, уӕ Хуыцау.
ӕмӕ зарынц Хуыцауы цагъар Моисейы зарӕг ӕмӕ Уӕрыччы зарӕг: «Стыр ӕмӕ диссаг сты Дӕ хъуыддӕгтӕ, Ӕппӕтылхӕцӕг Дунедарӕг Хуыцау! Раст ӕмӕ ӕцӕг сты Дӕ фӕндӕгтӕ, адӕмты Паддзах!
Уыцы бон Деворӕ Авиноамы фырт Баракимӕ зарыдысты ахӕм уӕлахизы зарӕг: