21 Тӕригъӕдӕй дӕхи хиз — фыдӕвзарӕнты дзӕгъӕлы нӕ бахаудтӕ.
Ды зӕгъыс: „Цы уӕлдай мын у, растӕй цӕрон ӕви тӕригъӕды цӕуон?“
ӕмӕ йын Уый йӕ хъустӕ хъусынӕн кӕй гом кӕны ӕмӕ йӕ раст фӕндагыл кӕй аразы.
Фӕлӕ мӕгуыр лӕджы Уый фервӕзын кӕны фыдбылызӕй, йӕ бафхӕрды фӕрцы йын байгом кӕны йӕ хъустӕ.
Хъадамантӕ куы бакӕной адӕймагыл, бӕллӕхтӕ йыл куы ӕртыхсой,
Уымӕ гӕсгӕ ӕз мӕ дзыхыл нӕ ныххӕцдзынӕн — мӕ уды хъизӕмӕрттӕ фӕдзурдзынӕн, мӕ уды риссӕгтӕ скалдзынӕн.
Алы рӕстуд Дӕм бӕллӕхы заман скувӕд, ӕмӕ йӕм доны хъаймӕт нӕ бахӕццӕ уыдзӕн.
Уымӕ гӕсгӕ сын фехъусын кӕн: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: Израилы адӕмӕй исчи йӕ зӕрдӕ гуымирытӕн куы снывонд кӕна, фыдракӕндтӕ аразыныл ӕй чи ӕфтауы, уыдоны йӕ рӕбинаг куы бакӕна ӕмӕ афтӕмӕй пехуымпармӕ дзуапп курӕг куы бацӕуа, уӕд ын Ӕз уый бӕрц гуымирытимӕ цавӕр дзуапп хъуамӕ раттон?
Кӕд Даниил паддзахы бардзырд зыдта, уӕддӕр-иу йӕ хӕдзары уӕллаг уатмӕ ссыди; йӕ уаты рудзгуытӕ арӕзт уыдысты Йерусалимы ’рдӕм. Бон ӕртӕ хатты-иу йӕ зонгуытыл ӕрлӕууыд ӕмӕ раздӕрау куывта ӕмӕ арфӕ кодта йӕ Хуыцауӕн.
Фӕлӕ ӕнӕуидаг у, ӕмӕ бирӕ нӕ бафӕразы. Тыхст рӕстӕг куы ралӕууы кӕнӕ Хуыцауы ныхасы тыххӕй ӕфхӕрын куы райдайынц, уӕд уайтагъд йӕ уырнындзинад фӕцуды.
Уӕд Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Мӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды, уый йӕхи ферох кӕнӕд, райсӕд йӕ дзуар ӕмӕ рацӕуӕд Мӕ фӕдыл.
ӕмӕ тӕригъӕдджын цинтӕй хи ирхӕфсыны бӕсты хуыздӕрыл банымадта Хуыцауы адӕмимӕ тухӕнтӕ ӕвзарын.
Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы фӕндӕй иугӕр хъизӕмар бавзаргӕ куы уа, уӕд ӕй ӕвзӕр хъуыддӕгты бӕсты фӕлтау хорз хъуыддӕгты тыххӕй бавзар.