Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Иовы чиныг 36:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Адӕмтӕн се сӕфт куы ралӕудзӕн, уыцы фыдӕхсӕвмӕ ма бӕлл!

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Иовы чиныг 36:20
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Тӕккӕ уыцы ӕхсӕв фӕзынди Дунедарӕджы зӕд ӕмӕ ассириӕгты рӕсӕнуаты ныццагъта сӕдӕ ӕстай фондз мин хӕстоны. Сбон ис, ӕмӕ мӕнӕ алырдыгӕй — мӕрдтӕ.


Тӕхуды, мӕрдтыбӕсты мӕ куы бамбӕхсис, цалынмӕ Дӕ маст ӕрцӕуа ӕмӕ афтӕмӕй бӕлвырд ӕмгъуыды фӕстӕ Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууон, уӕдмӕ!


Ӕваст ӕрбамӕлынц адӕм ӕхсӕвы тары, зӕрдӕнкъусӕг цӕфӕй сӕ кӕрон ӕрцӕуы; кӕйдӕр къухӕй нӕ бабын вӕййы хъомысджын.


Сӕ хъуыддӕгтӕ сын хорз зоны ӕмӕ сӕ иу ӕхсӕвмӕ фесафы.


Хъӕздыгдзинады фӕрцы фыдбылызӕй фервӕздзынӕ? Де ’ппӕт хъарутӕ куы бахардз кӕнай, уӕд дӕр фыдбылызӕй нӕ фервӕздзынӕ.


Тӕхуды, Хуыцауы мӕ ныцъцъист кӕнын куы бафӕндид ӕмӕ мын мӕлӕтдзаг цӕф куы ныккӕнид!


Бӕргӕ, куынӕуал сулӕфин фӕлтау, куы амӕлин ӕмӕ ацы буарӕй куы фервӕзин.


Дунедарӕг ӕмбисӕхсӕв ныццагъта Мысыры фыццаг цӕуӕт: цагъды фесты, паддзахы бадӕны чи бады, уыцы фараоны хистӕр фырт дӕр, ахӕстоны чи бады, уыцы уацайраджы хистӕр фырт дӕр, фосы фыццаг нӕл зӕйц дӕр.


Ӕнӕхуыцӕутты сӕ фыдбылызтӕ фесафынц, рӕстудӕн та йӕ мӕлӕты дӕр ис зӕрдӕдарӕн.


Мигътӕ кӕм ӕрӕмбырд уой, уым къӕвда рауары; дымгӕ бӕлас кӕцырдӕм фӕлдаха, уыцырдӕм афӕлдӕхы, чи зоны — цӕгатӕрдӕм, чи зоны та — хуссарӕрдӕм.


Раст уыцы ӕхсӕв халдейӕгты паддзах Балтасары амардӕуыд,


Фӕлӕ йын Хуыцау загъта: „Ӕнӕзонд, ахсӕв дын дӕ уд айстӕуыдзӕн, ӕмӕ уӕд кӕмӕн баззайдзысты, дӕхицӕн кӕй ӕрцӕттӕ кодтай, уыдон?“


цӕмӕй, чи йӕ ныууагъта ӕмӕ йе ’цӕг дунемӕ чи ацыд, уыцы Иудӕйы бӕсты суа Дӕ апостол».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ