2 «Чысыл-ма мын бабыхс, ӕмӕ дын зӕгъон Хуыцауы тыххӕй ноджы мӕ зӕгъинаг.
Бабыхсут, цалынмӕ дзурон, уӕдмӕ, дзырд куы фӕуон, уӕд-иу мыл худут.
Ӕппӕтхъомысы раз ӕз ӕмӕ ды иухуызон стӕм, ӕз дӕр дӕуау ӕлыгӕй конд дӕн.
Ӕмӕ Елигу дзырдта дарддӕр:
Дардӕй райдайдзынӕн мӕ ныхас, цӕмӕй ме Скӕнӕджы рӕстдзинад равдисон.
Дӕ бӕсты Аарон дзурдзӕн адӕмимӕ ӕмӕ сӕм хӕццӕ кӕндзӕн дӕ ныхӕстӕ, ды та йын Хуыцауы хуызӕн уыдзынӕ.
Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Куы ӕрфӕсмон кӕнай, уӕд дӕ фӕстӕмӕ дӕ къӕхтыл слӕууын кӕндзынӕн, ӕмӕ Мын лӕггад кӕндзынӕ. Дӕ дзӕгъӕлдзырд куы ныууадзай ӕмӕ ахсджиаг ныхӕстӕ куы дзурай, уӕд Ме ’взагау суыдзынӕ. Адӕм дӕ сӕхӕдӕг агурдзысты, фӕлӕ-иу сӕм ды ма раздӕх.
Чи зоны, ӕмӕ дӕм байхъусой, чи зоны та — нӕ, уымӕн ӕмӕ ӕгоммӕгӕс адӕм сты; фӕлӕ-иу сын ды уӕддӕр зӕгъ Мӕ ныхӕстӕ.
Уӕдӕ Чырыстийы минӕвӕрттӕ стӕм мах ӕмӕ, цыма Хуыцау Йӕхӕдӕг зӕгъы нӕ дзыхӕй, уыйау Чырыстийы номӕй курӕм сымахӕй: бафидаут Хуыцауимӕ.
Курын уӕ, ӕфсымӕртӕ, байхъусут ацы ныфсдӕттӕг ныхӕстӕм. Ӕз уӕм бирӕ дӕр куы нӕ ныффыстон.