17 Фӕлӕ дӕумӕ ӕнӕхуыцӕутты зондахаст ис: хъуыды кӕныс тӕрхон ӕмӕ тӕрхоныскъуыдыл.
Дзӕгъӕлдзырдӕй уын ныфсытӕ ’вӕрин, былты змӕлдӕй уӕ сабыр кӕнин.
Уымӕн бахаудтӕ ныр цъысымы, ӕвиппайды дыл стыр тас уымӕн бахӕцыд.
Саудалынджы ницыуал уыныс, знӕт уылӕнтӕн сӕ быны фӕдӕ.
Уӕдӕмӕ дӕ фыдракӕндтӕ сбирӕ сты, дӕ тӕригъӕдтӕн кӕрон нӕй.
О, ноджы тынгдӕр ӕфхӕрд куы баййӕфтаид Иов — ӕнӕхуыцӕутты ’взагӕй дзуры!
Искуы ма Иовы хуызӕн адӕймаг ис, хынджылӕг ӕмӕ джидзӕг кӕнын дон нуазынӕй уӕлдай кӕмӕн нӕу?
Ӕнӕхуыцӕуттимӕ ӕмзонд у уый, фыдгӕнӕгау галиу фӕндагыл цӕуы.
Фидар зон: тӕригъӕдджын ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ баззайдзӕн, фӕлӕ рӕстудты мыггаг фервӕздзӕн.
Афтӕ чи кӕны, уыдонмӕ, Хуыцауы раст тӕрхонмӕ гӕсгӕ, мӕлӕт кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый зонынц, фӕлӕ уӕддӕр сӕ хъуыддӕгтӕ нӕ уадзынц. Уый нӕ, фӕлӕ ма, ахӕм митыл чи бафтыди, уыдонӕй дӕр ӕппӕлынц.
Уӕларвӕй мӕм ӕрыхъуыст ӕндӕр хъӕлӕс: «Рацӕут уырдыгӕй, Мӕ адӕм, цӕмӕй йӕ тӕригъӕдтыл ма бафтат ӕмӕ йемӕ ӕфхӕрд ма баййафат.