13 Ӕнӕхуыцӕутты зӕрдӕтӕ мастӕй йедзаг сты, хъадамантӕ сыл куы бакӕной, уӕд дӕр Хуыцаумӕ ӕххуысагур нӕ дзыназдзысты.
загътой сын: «Уацайрӕгты ардӕм ма ’рбакӕнут — Дунедарӕджы раз фӕтӕригъӕдджын уыдзыстӕм. Нӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ ма нын нӕ фыдракӕндтыл ноджыдӕр бафтауынмӕ хъавут? Ӕнӕуи дӕр стыр у нӕ азым, ӕмӕ Йӕ маст ссыгъд Израилмӕ».
Уыцы тыхст заманы паддзах Ахаз фылдӕрӕй-фылдӕр гадзрахатӕй цыди Дунедарӕгыл.
Дӕ зӕрдӕйы фӕдыл кӕдӕм цӕуыс, уыцы сӕрхызтӕй дӕ ных кӕдӕм сарӕзтай,
Хуыцауы тас дӕхицӕй аиуварс кодтай ӕмӕ иннӕты куывд къуылымпы кӕныс.
Кӕд ӕмӕ Йӕ коммӕ нӕ бакӕсой, уӕд та искӕй къухӕй амӕлдзысты, се ’нӕзонды аххосӕй бабын уыдзысты.
Ӕвзонгӕй амӕлынц кувӕндоны хъахбайтау.
Хъадамантӕ куы бакӕной адӕймагыл, бӕллӕхтӕ йыл куы ӕртыхсой,
бӕллӕхы заманмӕ кӕй ӕвӕрын, хӕст ӕмӕ тохы бонмӕ?
Моав — Мӕ хихсӕн тас. Мӕ дзабыр аппардзынӕн Едомыл, уӕлахизы хъӕр ныккӕндзынӕн Филистимы сӕрмӕ!»
Моисейы Ӕгъдауы куыддӕриддӕр загъдӕуыд, афтӕ ныл Хуыцауы фыдӕх сӕмбӕлди, фӕлӕ мах Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, лӕгъстӕ нӕ кодтам, нӕ тӕригъӕдтыл не ’рфӕсмон кодтам, Йӕ ӕцӕгад Ын ницӕмӕ дардтам.
Ӕмӕ мӕнӕ ныр уӕ фыдӕлты бынаты ралӕууыдыстут сымах, тӕригъӕдджынты бардз, цӕмӕй та Дунедарӕджы маст израилӕгтӕм рафыца.
Фӕлӕ ӕнӕсӕттон кӕй дӕ ӕмӕ дӕ ӕрфӕсмон кӕнын кӕй нӕ фӕнды, уымӕй дӕхӕдӕг ноджы карздӕр кӕныс де ’фхӕрд Хуыцауы азары бон, Хуыцау Йӕ ӕнӕхӕрам тӕрхон куы раргом кӕна, уӕд.