16 Уӕдӕмӕ дзӕгъӕлдзырд кӕны Иов, ӕмбаргӕ ницы кӕны, афтӕмӕй бирӕ дзуры».
Иов дзурын райдыдта ӕмӕ, дунемӕ цы бон фӕзынди, уый фелгъыста.
Мӕнӕ ӕз байгом кодтон мӕ дзых, ӕмӕ ме ’взаг дзурынмондагӕй сӕфы.
Дӕумӕ гӕсгӕ, Йӕ маст ӕгӕр уромы, адӕмӕн сӕ тӕригъӕдтӕ нӕ уыны?
Ӕмӕ Елигу дзырдта дарддӕр:
«Ды чи дӕ, цӕмӕй Мӕ фӕнды ныхмӕ ӕнӕзонд ныхӕстӕ кӕнай?
Уӕхицӕй ӕппӕлыдыстут Мӕ разы, уе ’взӕгтӕ суагътат Мӕ ныхмӕ. Ӕз алцыдӕр фехъуыстон.