14 Ды дзурыс, нӕ Йӕ уыныс, зӕгъгӕ, фӕлӕ дын Уый дӕ хъуыддаг ӕвзары, ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕс.
Фӕдисхъӕр бӕргӕ кӕнын, фӕлӕ дзуапп нӕй, бӕргӕ сидын ӕххуысмӕ, фӕлӕ мӕ сӕрыл ничи хӕцы.
Тӕхуды, кӕм ӕй агурон, уый куы зонин! Тӕхуды, Йӕ цӕрӕнмӕ мын бацӕуӕн куы уаид!
О, исчи мӕм куы байхъусид! Цы загътон, уыдонӕй алцӕуыл дӕр ӕз мӕ къух ӕвӕрын, ӕмӕ мын Ӕппӕтхъомыс дзуапп раттӕд, мӕ Аххосгӕнӕг ныффыссӕд, цӕй мидӕг ис мӕ азым.
Дӕумӕ гӕсгӕ, Йӕ маст ӕгӕр уромы, адӕмӕн сӕ тӕригъӕдтӕ нӕ уыны?
Мӕ рӕзты рацӕуа — нӕ Йӕ фендзынӕн, Йӕ къахуынӕр Ын нӕ фехъусдзынӕн.
Тыхыл куы дзурӕм — тых Уымӕ ис, Тӕрхоныл куы дзурӕм — тӕрхоны раз Ӕй чи ӕрлӕууын кӕндзӕн?
Ныггуыбыр дӕн, ӕрлӕмӕгъ дӕн бынтондӕр, хъынцъымгӕнгӕйӕ арвитын мӕ бон.
Цӕрӕнбонты Дын арфӕ кӕндзынӕн, хӕрдмӕ мӕ къухтӕ сдардзынӕн Дӕ номыл.
Уымӕн ӕмӕ Ды — мӕ сӕрылхӕцӕг, Дӕ базыры бын цин кӕнын.
Дунедарӕг раргом кодта Йӕ ирвӕзындзинад, ӕппӕт адӕмтӕн раргом кодта Йӕ рӕстад.
Фӕлӕ Дунедарӕг нӕ тагъд кӕны уӕ бафхӕрыныл, уромы Йӕхи; фӕнды Йӕ сымахӕн ныббарын, фӕтӕригъӕд уын кӕнын. Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг раст тӕрхоны Хуыцау у. Тӕхудиаг сты, йӕ зӕрдӕ Йыл чи дары, уыдон!
Сымахӕй чи тӕрсы Дунедарӕгӕй, чи уӕ кӕсы Йӕ цагъары коммӕ? Йӕ фӕндаг мӕйдары кӕмӕн у ӕмӕ рухсы цъыртт чи нӕ уыны, уый йӕ зӕрдӕ дарӕд Дунедарӕгыл, ныфсхаст уӕд йӕ Хуыцауӕй!
Дӕ ныхмӕ рацӕуыны охыл хӕцӕнгарз саразын дӕр никӕмӕнуал бантысдзӕн. Суанг тӕрхоны мидӕг дӕр дӕ зылынгӕнӕгӕн дӕхӕдӕг йӕхи базылын кӕндзынӕ. Ахӕм хъысмӕт саккаг кодтон Ӕз Мӕ лӕггадгӕнӕг адӕмӕн — Мӕхӕдӕг дзурдзынӕн сӕ сӕрыл ӕмӕ сӕ сраст кӕндзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.
Дунедарӕг Йе ’ргом аздӕхта Йаковы байзӕддагӕй, фӕлӕ ӕз уӕддӕр Дунедарӕгӕй ныфсджын уыдзынӕн, мӕ зӕрдӕ Йыл дардзынӕн.
О Дунедарӕг, раст тӕрхон мын рахӕсс! О, фервӕзын мӕ кӕн!