13 Хуыцау тутт ныхӕстӕм нӕ хъусы, Ӕппӕтхъомыс уыдӕттӕ ницӕмӕ дары.
Тутт ныфсытӕ ма ’вӕрӕд йӕхицӕн: уыдон ын ницы пайда ӕрхӕсдзысты.
О Хуыцау, дзыназын Дӕм, фӕлӕ мын дзуапп нӕ дӕттыс, Дӕ разы лӕууын, фӕлӕ мӕм Ды кӕсгӕ дӕр нӕ кӕныс.
Хуыцауы тас кӕмӕ ис, уыдон та Дунедарӕджы хорзӕхӕй хайджын уыдзысты мыггагмӕ.
Дунедарӕг ӕнӕхуыцӕуттӕй дард у, рӕстуды куывдмӕ хъусы.
Дунедарӕг ӕнӕхуыцӕутты нывӕндтыл ӕлгъ кӕны, рӕстуды куывд ын ӕхсызгон у.
Хуыцауы ’гъдаумӕ хъусын кӕй нӕ фӕнды, уымӕн йӕ куывд дӕр — ӕлгъаг.
Кувгӕйӕ Мӕм уӕ къухтӕ куы сивазут — Ӕз Мӕ цӕстытӕ бацъынд кӕнын, уӕ куывдтытӕ куы сбирӕ кӕнут — Ӕз Мӕхи ныкъкъуырма кӕнын, уымӕн ӕмӕ уӕ къухтӕ тугӕйдзаг сты.
Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Мӕнӕ сыл Ӕз фыдбылыз ӕруадздзынӕн, ӕмӕ дзы сӕ бон фервӕзын не суыдзӕн. Хъӕрахст Мӕм кӕндзысты, фӕлӕ сӕ нӕ фехъусдзынӕн.
Зӕрдиагӕй Мӕм кувыны бӕсты сӕ хуыссӕнуӕтты ӕрдиаг кодтой; къӕбӕр ӕмӕ сӕны тыххӕй ӕрӕмбырд вӕййынц, Мӕнӕй та се ’ргом аздӕхтой.
Иууылсудзинаг нывӕндтӕ Мын куы ’рхӕссут, уӕд уын сӕ нӕ айсын; арфӕйы нывондӕн Мын хӕрзхаст родтӕ куы аргӕвдут, уӕд сӕм кӕсгӕ дӕр не ’ркӕнын.
Дунедарӕгмӕ дзыназдзысты, фӕлӕ сӕ Уый нӕ фехъусдзӕн, уыцы заман сӕ Йӕ цӕсгом бамбӕхсдзӕн сӕ фыдракӕндты аххосӕй.
Кувгӕйӕ та уӕлдай ныхӕстӕ ма дзурут муртаттӕгтау — уыдон афтӕ ӕнхъӕл сты, ӕмӕ, фылдӕр куы дзурой, уӕд сӕ куывд хуыздӕр фехъуысдзӕн Хуыцаумӕ.
Фӕлӕ мах зонӕм, Хуыцау тӕригъӕдджынтӕм кӕй нӕ хъусы, уый. Чи Йӕ нымайы ӕмӕ Йын Йӕ фӕндон чи ӕххӕст кӕны, Хуыцау уымӕ хъусы.
Куы фӕкурут, уӕд нӕ райсут, уымӕн ӕмӕ хорзӕхӕн нӕ курут, фӕлӕ уӕ монцтӕ бафсадынӕн.