36 О, ноджы тынгдӕр ӕфхӕрд куы баййӕфтаид Иов — ӕнӕхуыцӕутты ’взагӕй дзуры!
Абырджыты хӕдзӕрттӕ цӕрӕг сты, Хуыцауы чи мӕсты кӕны, уыдон ӕдас сты, цыма Хуыцау сӕ къухы ис, уыйау.
Ӕнаккӕгтӕ зӕронды бонтӕм цӕмӕн цӕрынц, ӕмӕ сӕ хъару цӕуылнӕ сӕфы?
Ау, рагзаманы тӕригъӕдджынтӕ кӕуыл цыдысты, уыцы над фӕндагӕй нал рахиздзынӕ?
Хуыцау мын мӕ уды хъару басаста, Ӕппӕтхъомыс мын тас бауагъта мӕ зӕрдӕйы.
Ӕппӕтхъомысӕн Йӕ тӕрхоны бонтӕ нысангонд цӕуылнӕ сты, Хуыцауы чи зоны, уыдон сӕм дзӕгъӕлы ӕнхъӕлмӕ цӕмӕн кӕсынц?
Йӕ тӕригъӕдтӕй уӕлдай ма ноджы змӕнтӕг дӕр у, йӕ къухтӕ ныл сцӕгъды ӕмӕ Хуыцауы ныхмӕ дзурынӕй не ’нцайы».
Дунедарӕг — мӕ къӕдзӕх, мӕ фидар, мӕ ирвӕзынгӕнӕг! Мӕ Хуыцау — мӕ айнӕг къӕдзӕх, мӕ уарт, мӕ ирвӕзӕн хох, мӕ фидар гӕнах!
Фыдгӕнджытӕ мӕ ныхмӕ куы рацӕуой мӕ буар мын аныхъуырын мондагӕй, мӕ фыдгултӕ, ме знӕгтӕ мӕм куы лӕбурой, уӕд фӕкӕлдзысты ӕмӕ ’рхаудзысты.
Мах амондджыныл нымайӕм, хъизӕмӕрттӕн кӕронмӕ чи бафӕрӕзта, уыдоны. Сымах фехъуыстат, Иов фӕразон кӕй разынди, уый тыххӕй, стӕй зонут, Дунедарӕг ын цы царды кӕрон балӕвар кодта, уый, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг хорзӕхджын ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ у.