34 Ӕмбаргӕ адӕмӕй мӕм чи хъусы, уыдон, стӕй куырыхонтӕ зӕгъдзысты:
Уӕдӕ мӕм ӕрбайхъусут, куырыхонтӕ: Хуыцаумӕ ницы ис ӕнӕрастӕй, Ӕппӕтхъомыс галиу тӕрхон нӕ рахӕсдзӕн.
Йӕ сӕры зонд кӕмӕн ис, уый ӕрбайхъусӕд, лӕмбынӕг байхъусӕд мӕ ныхӕстӕм!
«Ӕрбайхъусут мӕм, куырыхонтӕ, уӕ хъус мӕм ӕрбадарут, зондджынтӕ!
Дӕ рӕдыдыл дӕр куы нӕ сӕттыс, уӕд цы хорзмӕ ’нхъӕлмӕ кӕсыс? Равзарын мӕнмӕ нӕ, фӕлӕ дӕумӕ хауы, кӕд исты зоныс, уӕд дзургӕ кӕн.
„Иов йӕхӕдӕг дӕр, цы дзуры, уый нӕ зоны, ӕнӕсӕрфат сты йӕ ныхӕстӕ“.
Равзарӕм-ма уӕдӕ мах, раст цы у, уый ӕмӕ, хорз цы у, уый раст раиртасӕм!
Ӕз зӕгъын, ӕмбаргӕтӕн куыд фӕзагъдӕуы, афтӕ. Ӕмӕ, цы зӕгъын, ууыл уӕхӕдӕг ахъуыды кӕнут.