30 цӕмӕй паддзахиуӕг ма кӕна ӕнӕхуыцау ӕмӕ адӕмӕн ахсӕн хыз ма феста.
Фӕлӕ Израилы адӕм нӕ хъуыстой Хуыцаумӕ. Менассиа сын сӕ зонд сзыгъуыммӕ кодта, ӕмӕ сын Дунедарӕг сӕ цурӕй цы адӕмты фӕсырдта, уыдонӕй дӕр фыддӕр фесты.
ӕнаккаджы цин бирӕ кӕй нӕ хӕссы, ӕнӕхуыцауы ферад рӕстӕгмӕ кӕй у, уый?
Рӕстдзинад йӕ цӕстысындз кӕмӕн у, уый хицауиуӕг куыд хъуамӕ кӕна? Раст ӕмӕ Хъомысджыны ды аххосджын куыд хъуамӕ кӕнай?
Уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йӕ цӕст дары адӕмы фӕндӕгтӕм, сӕ алы къахдзӕф дӕр сын уыны.
Хъусӕй куы лӕууа, уӕд ӕй азымы чи бадардзӕн? Йӕ цӕсгом куы бамбӕхса, уӕд Ӕй фенын кӕй бон суыдзӕн? Уый ӕппӕт адӕммӕ дӕр ӕмӕ иу адӕймагмӕ дӕр хауы,
Фӕлтау зӕгъ Хуыцауӕн: „Бафхӕрдтай мӕ — ныр мӕхи тӕригъӕдӕй хиздзынӕн.
Мӕгуыр лӕджы Уый бахизы сӕ кардӕй, сӕ дзыхӕй, сӕ хъомысджын къухӕй.
Куырыхондзинад цыфӕнды хӕцӕнгарзӕй дӕр хуыздӕр у, фӕлӕ иу лӕджы рӕдыд бирӕ хӕрзтӕ фесафы.
Мӕ маст уӕм куы рафыхт, уӕд уын паддзахы радтон ӕмӕ, куы смӕсты дӕн, уӕд уын ӕй фӕстӕмӕ айстон.
Ссӕст у Ефрем, ӕфхӕрд баййӕфта тӕрхонӕй — гуымирыты фӕдыл адзӕгъӕл ис.
Ды ӕххӕст кодтай Амрийы ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ фӕзмыдтай Ахавы фӕдонты хъуыддӕгтӕ, уыдоны уынаффӕтӕм гӕсгӕ цӕрыс. Уымӕ гӕсгӕ дӕ Ӕз ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн, дӕ цӕрджыты дын сӕгад кӕндзынӕн, адӕмтӕн хынджылӕггаг суыдзыстут.