19 Фӕлӕ Уый бардартӕн цурон митӕ нӕ кӕны, Уый хъӕздыг лӕджы мӕгуырӕй уӕлдӕр не ’вӕры, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕтӕн дӕр се Скӕнӕг у Уый.
Дунедарӕгӕн аргъуыц кӕнут, хъавгӕйӕ архайут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, раст тӕрхон никуы халы, никӕй хъулон кӕны ӕмӕ гӕртӕмттӕ нӕ исы».
Хорз Дӕм кӕсы Де сконд адӕймаджы ’фхӕрын ӕмӕ йыл Дӕхи тигъ кӕнын, ӕнаккӕгтыл та аудын?
Сауджынты бӕгъӕввадӕй атӕры, хъомысджынтӕн сӕ хъомыс фесафы.
Уӕздӕтты сӕгад кӕны, хъаруджынты тых скадавар кӕны.
Цурон митӕ Йын куы кӕнат, уӕд дӕр уӕ Йӕ азар нӕ фӕивгъуыйдзӕн.
Йӕ сӕрвӕлтау фӕливгӕ кӕнут, Йӕ сӕрыл хӕцын сымахмӕ кӕсы?
Мӕн дӕр ӕмӕ уыдоны дӕр мады гуыбыны Уый нӕ равзӕрын кодта? Нӕ дыууӕты дӕр мады гуыбыны Уый не сфӕлдыста?
Мӕ разы чифӕнды дӕр уӕд, цурон ныхасмӕ мӕм мачи ӕнхъӕлмӕ кӕсӕд.
Исчи ма паддзахӕн, цъаммар, зӕгъгӕ, дзуры, исчи ма уӕздӕттӕн, ӕнаккӕгтӕ, зӕгъгӕ, фӕзӕгъы?
Хъӕздыгдзинады фӕрцы фыдбылызӕй фервӕздзынӕ? Де ’ппӕт хъарутӕ куы бахардз кӕнай, уӕд дӕр фыдбылызӕй нӕ фервӕздзынӕ.
Дунедарӕгӕн уӕхи тыххӕй мысайнаг куы дӕттат, уӕд хъӕздыг шекелы ӕмбисӕй фылдӕр ма дӕттӕд, мӕгуыр та шекелы ӕмбисӕй къаддӕр.
Мӕгуыр лӕджы чи хъыгдары, уый йын йе Сфӕлдисӕджы ’фхӕры, кад Ын чи кӕны, уый мӕгуыртыл ауды.
Хъӕздыг ӕмӕ мӕгуыр фӕрсӕй-фӕрстӕм ӕрлӕудзысты, уымӕн ӕмӕ сӕ дыууӕйы дӕр Дунедарӕг сфӕлдыста.
Бӕстӕйӕн йӕ хуыздӕр ӕфтиаг — чи йыл ауды, уыцы паддзах.
Дунедарӕг адӕмы хистӕрты ӕмӕ ӕлдӕртты азымджын кӕндзӕни: «Мӕ сӕндон Мын ныггӕныстон кодтат. Мӕгуырты исбон бастыгътат ӕмӕ дзы уӕ къӕбицтӕ байдзаг кодтат.
Раст тӕрхон ма сзыгъуыммӕ кӕн. Ма хъулон кӕн мӕгуыры ӕмӕ хъӕздыджы зӕрдӕ ма ’лхӕн — алкӕмӕн дӕр раст тӕрхон кӕн.
Петр райдыдта дзурын: «Ныр ӕз ӕцӕг базыдтон, Хуыцау кӕй никӕй хъулон кӕны, уый.
Уымӕн ӕмӕ Хуыцау никӕй хъулон кӕны.
Дунейы цӕсты ницӕйаг, ӕгад ӕмӕ ӕнахадгӕ чи уыди, Хуыцау уыдоны сӕвзӕрста, цӕмӕй ахадгӕты скӕна ӕнахадгӕ,
Номджын хистӕрыл нымад чи уыди — кӕдфӕнды-цыфӕнды сгуыхт ма уой, мӕнӕн уӕлдай нӕу, Хуыцау никӕй хъулон кӕны — уыдон мӕ Фарны Уацыл уымӕй уӕлдай ницы бафтыдтой.
Сымах дӕр, хицӕуттӕ, уӕ цагъартӕм ахӕм цӕстӕй кӕсут, ныууадзут уе ’ртхъирӕнтӕ. Хъулон Чи никӕй кӕны, сымахӕн дӕр ӕмӕ уыдонӕн дӕр уӕлӕрвты ахӕм Бардарӕг кӕй ис, уый уӕ рох ма уӕд.
Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, хуыцӕутты Хуыцау у, хицӕутты Хицау; хъулон ми Чи нӕ зоны ӕмӕ гӕртам Чи нӕ исы, уыцы хъомысджын ӕмӕ тасӕфтауӕг стыр Хуыцау.
Хӕрам хъуыддӕгтӕ чи аразы, уымӕн сӕ бафыстӕуыдзӕн хӕрамӕй — Хуыцау никӕй хъулон кӕны.
Уӕдӕ, ӕнӕфӕцудгӕ Паддзахадмӕ цӕугӕйӕ, хъуамӕ уӕм бузныг, ӕмӕ Йын ӕхцон куыд уа, афтӕ хъуамӕ кусӕм Хуыцауӕн, аргъ Ын кӕнгӕйӕ ӕмӕ Дзы тӕрсгӕйӕ.
Байхъусут, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ. Дунейы цӕсты гӕвзыкк чи у, уыдоны Хуыцау, мыййаг, нӕ сӕвзӕрста уырнындзинадӕй сӕ схъӕздыг кӕнынмӕ ӕмӕ сӕ Йӕ Паддзахадмӕ бахонынмӕ? Уыцы Паддзахадӕй Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, чи Йӕ уарзы, уыдонӕн.
Чи никӕй хъулон кӕны, алкӕмӕн дӕр йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ Чи хӕссы тӕрхон, кӕд Уый уӕ Фыд хонут, уӕд ӕцӕгӕлон бӕсты уӕ цард ӕрвитут афтӕ, ӕмӕ уӕм Хуыцауы тас куыд уа.