15 уӕд алы цардуд дӕр ӕрбамӕлид, уӕд адӕймаг фӕстӕмӕ сыджыт фестид.
Тыллӕгмондагӕй калдзынӕ дӕ сау хид, цалынмӕ, цы зӕххӕй ист ӕрцыдтӕ, уыцы зӕхмӕ бацӕуай, уӕдмӕ, уымӕн ӕмӕ ды сыджыт дӕ ӕмӕ бафтдзынӕ дӕ сыджытыл».
Бабын ис зӕххыл цӕрӕг алы уд дӕр: мӕргътӕ, фос, сырдтӕ ӕмӕ, зӕхх бӕз-бӕз кӕмӕй кодта, уыцы хилӕгойтӕ, стӕй адӕм иууылдӕр.
Мӕлӕтӕй нын алидзӕн нӕй. Зӕхмӕ цы дон ӕркӕлы, уымӕн фӕстӕмӕ сисӕн нал ис. Хуыцауы искӕй уд фесафын нӕ фӕнды, хъодыгондыл дӕр Йӕхи куыннӕ атигъ кӕна, ууыл мӕт кӕны.
Цыма ӕлыг дӕн, уыйау мӕ куыд арӕзтай, уый Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн — ныр мӕ фӕстӕмӕ рыг куыд хъуамӕ фестын кӕнай?
Зонын ӕй, маргӕ мӕ кӕныс, удӕгӕстӕ иууылдӕр кӕдӕм бацӕуынц, уырдӕм у мӕ фӕндаг.
Йӕ сӕры зонд кӕмӕн ис, уый ӕрбайхъусӕд, лӕмбынӕг байхъусӕд мӕ ныхӕстӕм!
Ӕз афтӕ зӕгъын, ӕмӕ уӕлдай нӕу: ӕмхуызон сафы Уый ӕназымы ӕмӕ ӕнаккаджы.
Сӕ дон сын фестын кодта туг, сӕ кӕсӕгтӕ сын амардта.
уӕд, зӕххӕй цы рыг ист ӕрцыд, уый фӕстӕмӕ зӕххыл бафтдзӕн, уд та, Чи йӕ радта, уыцы Хуыцаумӕ раздӕхдзӕн.
Мӕ маст ӕм ссыди, фӕлӕ дзы каконтӕ ӕмӕ сындзытӕ куы фенон, уӕд сӕ срӕдувдзынӕн, бынсыгъд сӕ бакӕндзынӕн.
Мыггагмӕ сӕ азымджын нӕ кӕндзынӕн, мӕсты нӕ кӕндзынӕн ӕдзухдӕр, науӕд адӕм, Ме сконд адӕм, бынтондӕр рафтдзысты Мӕ разы.