14 Уый Йӕ зӕрдӕ куы сӕхгӕнид, Йӕ комулӕфт, Йӕ царды комулӕфт фӕстӕмӕ куы райсид,
Алы цӕрӕг уд дӕр, алы адӕймаджы царды комулӕфт дӕр Йӕ къухы ис.
Уый аккаг у адӕймаг, ӕмӕ йӕ Ды афтӕ скадджын кӕнай ӕмӕ дзы Дӕ цӕст ма исай?
Иууылкуырыхон ӕмӕ иууылхъаруджын дӕр Йӕ ныхмӕ куыд фӕлӕудзӕн?
Сӕ дон сын фестын кодта туг, сӕ кӕсӕгтӕ сын амардта.
Уый дӕ фервӕзын кӕндзӕн ахсӕн хызӕй ӕмӕ алы фыдбылызӕй.
уӕд, зӕххӕй цы рыг ист ӕрцыд, уый фӕстӕмӕ зӕххыл бафтдзӕн, уд та, Чи йӕ радта, уыцы Хуыцаумӕ раздӕхдзӕн.
Ахӕстытау хъоргъы ӕппӕрст ӕрцӕудзысты иумӕ. Бирӕ бонты сӕ гуыдырӕхгӕдӕй фӕдардзысты, стӕй сӕ бафхӕрдзысты.