12 Ӕцӕг, Хуыцаумӕ ницы ис ӕнӕрастӕй, Ӕппӕтхъомыс раст тӕрхон не сзыгъуыммӕ кӕны.
Уый ма ’рцӕуӕд, ӕмӕ Ды афтӕ бакӕнай, ӕнаххос фыдгӕнӕджы хал ахӕра! Уый ма ’рцӕуӕд! Ӕппӕт зӕххӕн Тӕрхонгӕнӕг куыннӕ хъуамӕ рахӕсса раст тӕрхон?»
Уӕдӕ мӕм ӕрбайхъусут, куырыхонтӕ: Хуыцаумӕ ницы ис ӕнӕрастӕй, Ӕппӕтхъомыс галиу тӕрхон нӕ рахӕсдзӕн.
Уымӕн фӕндаг чи бацамондзӕн? Чи Йын зӕгъдзӕн: „Раст нӕ кӕныс?“
Ау, Хуыцау тӕрхон сзыгъуыммӕ кӕны? Ау, Ӕппӕтхъомыс рӕстдзинад сзыгъуыммӕ кӕны?
Дунедарӕджы ныхӕстӕ сыгъдӕг сты, куынцгомы кӕй бахсыстӕуыд ӕмӕ авд хатты кӕй батайын чындӕуыд, ахӕм ӕвзистау.