10 Уӕдӕ мӕм ӕрбайхъусут, куырыхонтӕ: Хуыцаумӕ ницы ис ӕнӕрастӕй, Ӕппӕтхъомыс галиу тӕрхон нӕ рахӕсдзӕн.
Уый ма ’рцӕуӕд, ӕмӕ Ды афтӕ бакӕнай, ӕнаххос фыдгӕнӕджы хал ахӕра! Уый ма ’рцӕуӕд! Ӕппӕт зӕххӕн Тӕрхонгӕнӕг куыннӕ хъуамӕ рахӕсса раст тӕрхон?»
Хуыцауы фӕндаг ӕнӕфау ӕмӕ раст у, Йӕ ныхас — сыгъдӕг; йӕ зӕрдӕ йыл чидӕриддӕр дары, уыдонӕн Уый уарт у.
Дунедарӕгӕн аргъуыц кӕнут, хъавгӕйӕ архайут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, раст тӕрхон никуы халы, никӕй хъулон кӕны ӕмӕ гӕртӕмттӕ нӕ исы».
Ӕцӕг, Хуыцаумӕ ницы ис ӕнӕрастӕй, Ӕппӕтхъомыс раст тӕрхон не сзыгъуыммӕ кӕны.
Ӕмбаргӕ адӕмӕй мӕм чи хъусы, уыдон, стӕй куырыхонтӕ зӕгъдзысты:
Уымӕн фӕндаг чи бацамондзӕн? Чи Йын зӕгъдзӕн: „Раст нӕ кӕныс?“
Ӕппӕтхъомысыл не ’ххӕссы нӕ зонд. Йӕ хъомысӕй, Йӕ раст тӕрхонӕй цытджын у. Йӕ рӕстад у ӕгӕрон, Уый никӕй ӕфхӕры.
Ау, Хуыцау тӕрхон сзыгъуыммӕ кӕны? Ау, Ӕппӕтхъомыс рӕстдзинад сзыгъуыммӕ кӕны?
Зондамынд чи ницӕмӕ дары, уый йӕхицӕн знаггад ракӕндзӕн; уайдзӕфмӕ чи хъусы, уый йӕ зондыл ӕфтауы.
Хъахбайӕн йӕ сӕры зонд нӕй, йӕхӕдӕг йӕхи бабын кӕны.
О Дунедарӕг, Ды дӕ раст Хуыцау, ӕмӕ Дӕумӕ хӕссын мӕ хъаст! Ӕз Демӕ дзурдзынӕн рӕстдзинадыл! Ӕнӕхуыцӕуттӕ ӕнтыстджын цӕмӕн сты, мӕнгардтӕ — амондджын?
Дунедарӕг сахары у рӕстгӕнӕг, галиу хъуыддагӕй ницы аразы. Ӕрвылрайсом, куыддӕр хур скӕсы, афтӕ раргом кӕны Йӕ тӕрхон, фӕлӕ фыдгӕнӕг ӕфсарм нӕ зоны.
Уый цӕуыл дзурӕг у? Ау, Хуыцау раст нӕ кӕны? Ницы хуызы!
Уый у Къӕдзӕх. Ӕнӕлаз у Йӕ алы хъуыддаг дӕр, Йӕ алы фӕндаг дӕр — рӕстаг. Иузӕрдион у Уый, ницы Йӕм ис сайдӕй, рӕстаг у ӕмӕ раст тӕрхон кӕны.
Фӕлварӕнты чи бахауа, уый ма дзурӕд: «Хуыцау мӕ къахы». Хуыцауӕн фыдӕхӕй ракъахӕн нӕй, стӕй Йӕхӕдӕг дӕр никӕй къахы.