8 Мӕхи хъустӕй фехъуыстон дӕ ныхас, мӕ хъустыл уайы ныр дӕр ма:
Иов йӕ рӕстдзинадыл дызӕрдыг нӕ кӕны, уый куы бамбӕрстой йе ’ртӕ хӕлары, уӕд ныхъхъус сты, ницыуал ӕм дзырдтой.
Ӕмӕ уӕд Барахелы фырт Елигуйӕн йӕ маст рафыхти. Елигу уыдис Бузийы байзӕддӕгтӕй, Рамы мыггагӕй. Иовмӕ уымӕн смӕсты ис, ӕмӕ уый йӕхи Хуыцауӕй растдӕр хуыдта,
Уымӕ гӕсгӕ дӕ ӕз тасы нӕ бафтаудзынӕн, мӕ къухы уӕз мын нӕ бамбардзынӕ.
Сыгъдӕг, дам, дӕн ӕз, ӕнӕкъӕм, ницы азым мӕм ис, сыгъдӕг дӕн.
Уымӕн ӕмӕ уыдон Израилы цъаммар митыл бафтыдысты: кӕйдӕр устытимӕ хъахбай митӕ кодтой, Ӕз сын нӕ бафӕдзӕхстон, афтӕмӕй Мӕ номӕй мӕнг ныхӕстӕ дзырдтой. Ӕппӕт уыдӕттӕ Ӕз зонын, Мӕхӕдӕг дӕн ӕвдисӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.
уӕд хъуамӕ хъуыддаг сбӕрӕг кӕнай, лыстӕг ӕрфӕрсай ӕмӕ алцыдӕр бӕлвырд базонай. Кӕд ӕцӕг разына, ӕмӕ, уе ’хсӕн ахӕм ӕлгъаг ми ӕрцыд, уый сбӕрӕг кӕнай,