4 Мӕн сфӕлдыста Хуыцауы Уд, царды комулӕфт мӕ бауагъта Ӕппӕтхъомыс.
Дунедарӕг Хуыцау зӕххы рыгӕй сфӕлдыста адӕймаджы, царды комулӕфт дзы бауагъта, ӕмӕ адӕймаг сси удгоймаг.
Цард мын балӕвар кодтай, ӕдзух мыл аудыдтай, ӕмӕ Дӕуыл лӕууыди мӕ уд.
Хорз Дӕм кӕсы Де сконд адӕймаджы ’фхӕрын ӕмӕ йыл Дӕхи тигъ кӕнын, ӕнаккӕгтыл та аудын?
Алы цӕрӕг уд дӕр, алы адӕймаджы царды комулӕфт дӕр Йӕ къухы ис.
Цалынмӕ улӕфын, цалынмӕ мӕ мидӕг ис царды комулӕфт — Хуыцау мын кӕй балӕвар кодта, уый,
Фӕлӕ адӕймагӕн йӕ мидӕг ис царды комулӕфт, уд, Ӕппӕтхъомысы комулӕфт ӕй схайджын кӕны зондӕй!
Галхӕфсытӕй нал зынди сӕ зӕхх, байдзаг сӕ ис паддзахӕн йӕ уат.
Йе ’ргом Ӕм чи раздӕхта, уыдонӕн сӕ цӕсгӕмттӕ ныррухс сты, ӕмӕ никуы фегад уыдзысты.
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, уӕлӕрвтӕ Чи сфӕлдыста ӕмӕ сӕ Чи айтыгъта, зӕхх ӕмӕ йыл цыдӕриддӕр ис, уыдон сфӕлдисӕг, зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн царды комулӕфт Чи ратты, чидӕриддӕр зӕххыл цӕры, уыдонӕн царды комулӕфт Чи балӕвар кӕны, Уый:
Сыгъдӕг Уды царддӕттӕг ӕгъдау Йесо Чырыстийы руаджы дӕу ссӕрибар кодта тӕригъӕды ӕмӕ мӕлӕты ӕгъдауӕй.
Сыгъдӕг Фыст дӕр афтӕ зӕгъы: «Фыццаг адӕймаг — Адам — сси удгоймаг», фӕстаг Адам та сси царддӕттӕг Уд.