31 Байхъус мӕм, Иов, лӕмбынӕг, ды дӕ дзыхыл хӕц, ӕмӕ дын ӕз дзурон,
Ӕрбайхъусут, цы уын зӕгъын, уымӕ ӕмӕ ахъуыды кӕнут мӕ ныхӕстыл.
«Цы пайда ис дзӕгъӕл ныхӕстӕй? Ахъуыды уал кӕнут, ӕмӕ стӕй дзурдзыстӕм.
«Уӕдӕ мын мӕ ныхасмӕ ӕрбайхъусут лӕмбынӕг, мӕ зӕрдӕ мын уымӕй уӕддӕр фӕфидар кӕнут.
Ӕнхъӕлмӕ уӕм фӕкастӕн, цалынмӕ сымах уынаффӕтӕ кодтат ӕмӕ ныхӕстӕ агуырдтат, уӕдмӕ.
цӕмӕй йӕ ингӕнӕй бахиза, цӕмӕй йыл царды хур ракӕса.
фӕлӕ дӕм кӕд исты зӕгъинаг ис, уӕд мын дзуапп ратт: раст кӕй дӕ, ууыл мӕ баууӕндын фӕндид.
Фӕлӕ чи уыди Дунедарӕджы ӕмбырды? Чи йӕ федта? Чи Йын фехъуыста Йӕ ныхӕстӕ?