3 Мӕ ныхӕстӕ мӕ сыгъдӕг зӕрдӕйӕ цӕуынц, ӕмӕ мӕ дзыхӕй рӕстдзинад йеддӕмӕ ницы схаудзӕн.
«Куырыхон лӕг уӕлӕнгай ныхас нӕ кӕны, скӕсӕйнаг фыддымгӕйӕ йӕхи нӕ ныддымсы.
уӕдмӕ ме ’взаг гӕды ныхас нӕ зӕгъдзӕни, уӕдмӕ мӕнг ныхас не ссӕудзӕни мӕ дзыхӕй.
Мӕ разы чифӕнды дӕр уӕд, цурон ныхасмӕ мӕм мачи ӕнхъӕлмӕ кӕсӕд.
Уымӕн ӕмӕ цӕстмӕхъус ныхас мӕ удысконды нӕй, фӕлтау мӕ фесафӕд ме Скӕнӕг!
Мӕнӕ ӕз байгом кодтон мӕ дзых, ӕмӕ ме ’взаг дзурынмондагӕй сӕфы.
«Ды чи дӕ, цӕмӕй Мӕ фӕнды ныхмӕ ӕнӕзонд ныхӕстӕ кӕнай?
Ӕрбакӕсут-ма мӕм, уӕхи раз уӕ нӕ асайдзынӕн!
Куырыхоны ’взаг зонындзинӕдтӕ тауы, зондцухы дзыхӕй ӕдылы ныхас йеддӕмӕ ницы схауы.
Куырыхоны ’взаг зонынад тауы, ӕдылытӕм ахӕм зӕрдӕйы уаг нӕй.
Дунейы ис сыгъзӕрин, ис налхъуыт-налмастӕ, фӕлӕ уыдонӕй зынаргъдӕр — бирӕзонаг ӕвзаг.
Ӕз уӕ хорз зондыл сахуыр кӕндзынӕн, ма мын ферох кӕнут мӕ фӕдзӕхст.