Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Иовы чиныг 33:26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

26 Хуыцау ын йӕ куывд айсдзӕн, Йе ’ргом ӕм раздахдзӕн, йӕ рӕстдзинады тыххӕй йын Йӕ хорзӕхӕй схайджын кӕндзӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Иовы чиныг 33:26
35 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

«Хозайы чиныджы» фыст ӕрцыдысты Менассиайы куывд, Хуыцау ӕм Йӕ хъус куыд ӕрдардта, уый, йе ’рфӕсмоны размӕ йӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ йӕ фыдракӕндтӕ иууылдӕр, стӕй кувӕн къуыбыртӕ, Ашерӕйы цӕджындзтӕ ӕмӕ гуымирытӕ кӕмыты скодта, уыдӕттӕ.


Ӕз Ӕй фендзынӕн мӕхи цӕстӕй, ӕндӕр исчи нӕ, фӕлӕ мӕхӕдӕг, мӕ зӕрдӕ мӕ риуы куы ныллӕууа, уӕд дӕр!


уӕд та фӕстӕмӕ райтынг уыдзӕн йӕ буар, ӕрыгонӕй куыд уыдис, афтӕ, раздӕхдзӕн та йӕм йе ’взонджы бонты хъару.


Адӕймагӕн йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиды, чи цы аккаг у, уый айсы.


Сыхъуысти Йӕм мӕгуырты ӕрдиаг, Уый фехъуыста ӕфхӕрд адӕмы уынӕргъын.


Мӕ фӕдыл зылдысты, ӕмӕ сӕ къӕппӕджы бахаудтӕн, сӕ цӕстытӕ мӕм ныззынг кодтой — хъуамӕ мӕ афӕлдахой зӕххыл.


Ливаны хӕхтӕ фесхъиуынц уӕныгау, Сирионы хӕхтӕ — ӕвзонг дзӕбидыртау.


Сусӕгӕй мын мӕ размӕ ахсӕн хыз сӕвӕрдтой — фервӕзын мӕ кӕн! Ды — мӕ фидар мӕсыг.


Раздах мын Дӕ ирвӕзындзинады цин, Дӕ хъомысджын Удӕй мӕ сфидар кӕн.


Ӕнӕхуыцӕуттӕн бацамондзынӕн Дӕ фӕндӕгтӕ, ӕмӕ Дӕм тӕригъӕдджынтӕ раздӕхдзысты.


Паддзах та цин кӕндзӕни Хуыцауыл. Хуыцауӕй сомыгӕнджытӕ райдзысты, фӕливджытӕ та багомыг уыдзысты.


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом. Зарӕг.


зӕры бонты дӕр дыргъджын, донджын ӕмӕ райдзастхуыз уыдзысты,


Ды зӕгъдзынӕ: «Ӕмӕ мах уый тыххӕй куы ницы зыдтам!» Фӕлӕ зӕрдӕтӕ Фӕлварӕг, ау, ницы зоны? Дӕ цард Хъахъхъӕнӕг зоны алцыдӕр, алкӕмӕн дӕр йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиддзӕн.


Сионы хохыл цӕрджытӕ, Йерусалимы адӕм, бирӕ нӕ калдзыстут уӕ цӕссыг. Хуыцау уын ныббардзӕни, куы Йӕм сдзыназат, уӕд. Куыддӕр уын фехъуса уӕ дзыназын, афтӕ уын дзуапп ратдзӕни.


балӕгъстӕ Мын кӕн, ӕмӕ дын Ӕз дзуапп ратдзынӕн, цы нӕ зоныс ӕмӕ адӕймаджы зонд цӕмӕ не ’ххӕссы, уыцы диссӕгтӕ дын фенын кӕндзынӕн.


Ды мын бацамыдтай царды фӕндӕгтӕ, Дӕ цӕсгомы раз мӕ байдзаг кӕндзынӕ цинӕй“.


Бардарӕг ын загъта: «Бавдӕл ӕмӕ ацу, Ӕмраст йӕ ном кӕмӕн у, уыцы уынгмӕ, ӕмӕ Иудӕйы хӕдзары бафӕрс иу лӕджы, йӕ ном — Савл. Уый у Тарсы сахарӕй; ныр кувгӕ кӕны.


Мысыраг хӕзнатӕй йӕхицӕн зынаргъдӕр хӕзнайыл банымадта Чырыстийау ӕфхӕрд ӕййафын, уымӕн ӕмӕ йӕ фидӕны хӕрзиуӕгмӕ уыди йӕ каст.


Фӕкӕлынӕй уӕ бахизын ӕмӕ уӕ Йӕ намысмӕ ӕнаиппӕй ӕмӕ райгӕйӕ бакӕнын Кӕй бон у,


Дунедарӕг та алкӕмӕн дӕр йӕ рӕстдзинад ӕмӕ йӕ иузӕрдионӕн аргъгӕнӕг фӕуӕд. Дунедарӕг дӕ абон мӕ къухмӕ лӕвӕрдта, фӕлӕ мӕн нӕ бафӕндыди Дунедарӕджы байсӕрстмӕ мӕ къух сисын.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ