25 уӕд та фӕстӕмӕ райтынг уыдзӕн йӕ буар, ӕрыгонӕй куыд уыдис, афтӕ, раздӕхдзӕн та йӕм йе ’взонджы бонты хъару.
Уыйадыл Нееман ацыд Иорданы былгӕронмӕ. Хуыцауы уарзон адӕймаджы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ дзы авд хатты куы нынныгъуылдис, уӕд йӕ буар сабийы буарау фестади, ссыгъдӕг ис бынтондӕр.
куы йын батӕригъӕд кӕна ӕмӕ куы зӕгъа, ингӕнмӕ йӕ ма ауадз, ӕз ын ахӕстаргъ ссардтон, зӕгъгӕ,
Хуыцау ын йӕ куывд айсдзӕн, Йе ’ргом ӕм раздахдзӕн, йӕ рӕстдзинады тыххӕй йын Йӕ хорзӕхӕй схайджын кӕндзӕн.
Уый фӕстӕ ма Иов фӕцарди сӕдӕ цыппор азы ӕмӕ ма йӕ байзӕддӕгтӕн суанг сӕ цыппӕрӕм фӕлтӕр дӕр ӕрӕййӕфта.
Фидар бындурыл ӕрӕвӕрдтай зӕхх ӕмӕ йӕ бынатӕй никуы фӕиртӕсдзӕн.
Уым ын Ӕз фӕстӕмӕ ратдзынӕн йӕ сӕндӕттӕ, Ахоры дӕлвӕз фестдзӕни ныфсы дуар. Ӕмӕ уым райхъуысдзӕни йӕ зарӕг, ӕвзонг ма куы уыд ӕмӕ Мысыры зӕххӕй куы рацыд, уӕд куыд уыдис, афтӕ.
Моисейыл уӕд цыди сӕдӕ дыууын азы, фӕлӕ цӕстӕй дӕр ӕмӕ хъаруйӕ дӕр нӕма фӕцудыдта.