22 Мӕлӕты къахыл ныллӕууы, удхӕссӕг ӕм ӕрбахӕстӕг вӕййы.
Мӕлӕтхӕссӕг зӕд йӕ къух Йерусалим фесафынмӕ куы систа, уӕд Дунедарӕг фӕтӕригъӕд кодта сахарӕн, нал Ӕй бафӕндыди бӕллӕх ӕруадзын. Зӕдӕн загъта: «Ӕгъгъӕд фӕуӕд! Ӕруадз дӕ къух». Уыцы уысм мӕлӕтхӕссӕг зӕд уыди йевусаг Орнайы мусы сӕрмӕ.
Удаист хъӕр йӕ хъусты зӕлы, ӕнӕнхъӕлӕджы йӕм ӕрбалӕууы йӕ сафӕг.
Мӕ уд хъизӕмар кӕны, мӕ царды бонтӕ фӕфӕуынц, ингӕн мӕ цӕстытыл уайы.
Цӕмӕй адӕймаг былӕй ма ахауа, цӕмӕй карды комыл ӕфтыд ма фӕуа.
мӕлӕтӕй мӕ фервӕзын кодта, ӕмӕ та рухс уынын“.
О ме Скӕнӕг, мӕ цард — дымгӕйы иу ӕрбафуттау, хорзӕй ницыуал фендзынӕн.
Ӕз кадджын Дунедарӕгмӕ фӕсиддзынӕн ӕмӕ фервӕздзынӕн ме знӕгтӕй.
Дӕ хъус мӕм ӕрдар ӕмӕ мӕм ӕххуысмӕ фӕтагъд кӕн. Фест мӕ къӕдзӕх, мӕ хъахъхъӕнӕг мӕсыг, мӕ ирвӕзынгӕнӕг.
Дунедарӕг Мысырыл Йӕ азар бафтауынмӕ куы рацӕуа ӕмӕ уын уӕ уӕлкъӕсӕртӕ ӕмӕ уӕ тӕрвӕзтыл туг куы фена, уӕд мӕлӕтхӕссӕг зӕды нӕ бауадздзӕн уӕ хӕдзӕрттӕм бацӕуын, цӕмӕй уӕ ма амара.
«Мӕхицӕн загътон, мӕ царды тӕккӕ ӕмбисы мӕ мӕрдтыбӕсты къӕсӕрыл бахизын хъӕуы.
Ӕмӕ йӕ уайтӕккӕ Хуыцауы зӕд ӕрцавта, ӕцӕг Хуыцауӕн кад скӕныны бӕсты йӕхи хуыцау схонын кӕй бауагъта, уый тыххӕй; къуыдыргӕлмытӕ йӕ бахордтой ӕмӕ йӕ уд систа.
Бустӕ ма кӕнут, уыдонӕй бирӕтӕ куыд бустӕ кодтой, афтӕ; уый тыххӕй сӕ мӕлӕтхӕссӕг зӕд фӕцагъта.
Сӕ паддзах уыди дӕлдзӕхы зӕд. Дзуттагау йӕ ном — Аваддон, бердзенагау та — Аполлион.
Дунедарӕг амары ӕмӕ райгас кӕны, Мӕрдтыбӕстӕм барвиты ӕмӕ фӕстӕмӕ ракӕны.