18 Цӕмӕй адӕймаг былӕй ма ахауа, цӕмӕй карды комыл ӕфтыд ма фӕуа.
Саудалынгӕй фервӕзыны ӕнхъӕл нал у, марӕн цыргъаг ӕм ӕппынӕдзух дардӕуы.
цӕмӕй адӕймаджы бахиза исты ’взӕрдзинад саразынӕй, сӕрыстыр уӕвынӕй.
Мӕлӕты къахыл ныллӕууы, удхӕссӕг ӕм ӕрбахӕстӕг вӕййы.
куы йын батӕригъӕд кӕна ӕмӕ куы зӕгъа, ингӕнмӕ йӕ ма ауадз, ӕз ын ахӕстаргъ ссардтон, зӕгъгӕ,
мӕлӕтӕй мӕ фервӕзын кодта, ӕмӕ та рухс уынын“.
цӕмӕй йӕ ингӕнӕй бахиза, цӕмӕй йыл царды хур ракӕса.
Кӕд ӕмӕ Йӕ коммӕ нӕ бакӕсой, уӕд та искӕй къухӕй амӕлдзысты, се ’нӕзонды аххосӕй бабын уыдзысты.
Кӕрӕдзийы нӕ хъыгдарынц, алкӕмӕн дӕр дзы ис йӕхи фӕндаг. Ӕрцытӕ сыл ӕхсынц, фӕлӕ сӕ ничи бауромдзӕн.
Ӕви Хуыцау хӕрзаудӕг, барон ӕмӕ бирӕбыхсаг кӕй у ӕмӕ дӕ Йе ’нӕкӕрон зӕрдӕхӕларӕй ӕрфӕсмон кӕнынмӕ кӕй хоны, уый не ’мбарыс?
Ӕмӕ, нӕ Бардарӕг бирӕ кӕй быхсы, уый нымайут фервӕзыны фадатыл; нӕ уарзон ӕфсымӕр Павел дӕр уӕм Хуыцауӕй лӕвӕрд зондӕй уый тыххӕй фыста.
Иуӕй-иутӕм куыд кӕсы, афтӕ Бардарӕг фӕстиат нӕ кӕны Йӕ зӕрдӕвӕрд сӕххӕст кӕнынмӕ, фӕлӕ уын бирӕ быхсы — фӕнды Йӕ, иу адӕймаг дӕр куыд нӕ фесӕфа, фӕлӕ иууылдӕр куыд ӕрфӕсмон кӕной.