14 Ӕцӕгдӕр, Хуыцау иу кӕнӕ иннӕ хуызы фӕзӕгъы, фӕлӕ Йӕ не ’мбарынц.
Ӕхсӕвы йӕм Хуыцау ӕргом рацыди ӕмӕ йӕм фӕсидти: «Йаков! Йаков!» Уый дзуапп радта: «Хъусын дӕм».
Дунедарӕг Менассиа ӕмӕ йӕ адӕмы рагацау бахизыныл архайдта, фӕлӕ Йӕм нӕ хъуыстой.
Хуыцау адӕймагӕн ӕппӕт уыдӕттӕ бавзарын кӕны, стӕй ма ноджы дыууӕ-ӕртӕ хатты фыддӕртӕ,
Адӕм тарф фынӕй куы кодтой, уӕд мыл ӕхсӕвы ӕнӕнцой цӕстылуайӕнтӕй
Уӕд дӕхи хъомысӕй сфӕлынд, тӕмӕнкалгӕ кады ӕрбатух дӕхи,
кардылӕфтыд фӕуӕнт, хъӕддаг куыйтӕ сӕ бахӕрӕнт!
Паддзах та цин кӕндзӕни Хуыцауыл. Хуыцауӕй сомыгӕнджытӕ райдзысты, фӕливджытӕ та багомыг уыдзысты.
Куы уӕм сидтӕн, уӕд мыл уӕхи атигъ кодтат, мӕ къух уӕм фӕивӕзтон, фӕлӕ мӕм хъусӕг нӕ уыди.
Зонынад сын ӕнӕуынон кӕй сси, Дунедарӕджы раз сӕм тас кӕй хъуамӕ уа, уый сӕм нымады дӕр кӕй нӕ уыд,
Уӕд Уый загъта: «Ацу ӕмӕ уыцы адӕмӕн афтӕ зӕгъ: „Хъусут ӕмӕ хъусут, фӕлӕ ма бамбарут! Кӕсут ӕмӕ кӕсут, фӕлӕ ма фенут!“
Балтасар фыццаг аз Вавилоны паддзахиуӕг куы кодта, уӕд Даниил фыны, йӕ хуыссӕнуаты, федта цӕстылуайӕн. Уый ныффыста, йӕ фыны цыдӕриддӕр федта, уыдӕттӕ.
Растдӕр сыл ӕрцыди Исайайы пехуымпар ныхас: „Хъусӕй хъусдзыстут, фӕлӕ нӕ бамбардзыстут, цӕстӕй кӕсдзыстут, фӕлӕ нӕ фендзыстут.
Уӕд сын Йесо загъта: «О ӕнӕмбаргӕтӕ! Куыд зынтӕй ӕууӕндут, пехуымпартӕ рагуацы хуызы цы загътой, ӕппӕт уыдӕттыл!
Тӕрхон та уый мидӕг ис, ӕмӕ рухс ӕрцыди дунемӕ, фӕлӕ адӕм рухсӕй фылдӕр бауарзтой талынг, уымӕн ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ хӕрам уыдысты.