13 Цы быцӕу кӕныс Йемӕ, мӕ фарстӕн мын дзуапп нӕ дӕтты, зӕгъгӕ?
Хуыцауӕн зӕгъдзынӕн: тӕрхон рахӕссынмӕ тагъд ма кӕн, мӕ азым уал мын бамбарын кӕн!
Аххос мӕм цы агурыс, тӕригъӕд мӕм ссарыныл цы архайыс?
Хуыцауы ды куыд хъуамӕ раиртасай, Ӕппӕтхъомысы ӕххӕстӕй куыд хъуамӕ бамбарай?
«Дӕхи ӕрцӕттӕ кӕн дзуапп дӕттынмӕ лӕгау, Ӕз дӕ фӕрсын, ды та мын-иу дзуапп ратт:
Исты куы иса — Йӕ ныхмӕ чи фӕлӕудзӕн? Чи фӕхъӕр кӕндзӕн: „Уый цы ми кӕныс?“
Уӕд Ын ӕз та цы дзуапп хъуамӕ раттон, цавӕр ныхӕстӕ Йын хъуамӕ ссарон?
кардылӕфтыд фӕуӕнт, хъӕддаг куыйтӕ сӕ бахӕрӕнт!
Додой йӕ къона, йе Скӕнӕджы ныхмӕ чи рацӕуы, домгӕ Йӕ чи кӕны! Уый ницы у, дурыны саст ӕмӕ зӕххы рыджы йеддӕмӕ. Ӕлыджы мур куыд хъуамӕ бафауа дурынгӕнӕджы, уый цы ми кӕныс, зӕгъгӕ? Дурын дӕр йӕ саразӕгӕн куыд хъуамӕ бафидис кӕна, къухтӕ дын нӕй, ӕви, зӕгъгӕ?
Исты ӕрцӕуинаг хабары тыххӕй дзӕвгар раздӕр фӕзӕгъын, ахӕм ӕмӕ ахӕм хабар ӕрцӕудзӕни, зӕгъгӕ. Ӕз кӕддӕриддӕр сӕххӕст кӕнын Мӕ фӕнд, Мӕ мидзӕрдӕйы цы фӕзӕгъын, уый.
О Вавилон! Дӕ размӕ дын ахсӕн хыз сӕвӕрдтон, ӕмӕ дзы бахаудтӕ, уымӕн ӕмӕ уый ӕнхъӕл нӕ уыдтӕ. Баййӕфтой дӕ ӕмӕ дӕ ’рцахстой, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы ныхмӕ тох кодтай».
Дӕ ныхмӕ куы рацӕуон, уыцы бонты дӕм фаг ныфс ӕмӕ фаг хъару разындзӕн, цӕмӕй ма фӕцудай? Ӕз, Дунедарӕг, куыд загътон, афтӕ бакӕндзынӕн.
Мӕн цы у, ууыл мӕ бар нӕ цӕуы? Ӕви мын рӕдау уӕвын дӕ цӕст нӕ уарзы?“
Уый сын загъта: «Сымахӕн не ’мбӕлы, Мӕ Фыд Йӕ бартӕм гӕсгӕ цы афонтӕ ӕмӕ ӕмгъуыдтӕ снысан кодта, уыдон зонын.
Кӕд Хуыцауӕй у, уӕд та уӕ бон нӕ бауыдзӕн сӕ бауромын. Афтӕ ма рауайӕд, ӕмӕ Хуыцауы ныхмӕ тохгӕнджытӕ суат».
«Дунедарӕджы зонд чи базыдта? Чи Йын уыди уынаффӕгӕнӕг?
Ды та чи дӕ, адӕймаг, ӕмӕ Хуыцауимӕ быцӕу кӕнай? Мигӕнӕн йе скӕнӕгӕн, мыййаг, зӕгъдзӕн: «Афтӕ мӕ цӕмӕн скодтай?»
Ӕви нӕм Бардарӕг смӕсты уа, уый нӕ фӕнды? Ӕмӕ, ау, мах Уымӕй тыхджындӕр стӕм?
Сусӕг цы у, уый ис Дунедарӕгмӕ, нӕ Хуыцаумӕ; ӕргом цы у, уый та мыггагмӕ лӕвӕрд у махӕн ӕмӕ нӕ байзӕддагӕн, цӕмӕй бӕстон ӕххӕст кӕнӕм ацы Ӕгъдауы алы дзырд дӕр.