Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Иовы чиныг 33:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Ӕз та дын уый зӕгъын, ӕмӕ раст нӕ дӕ: ӕнӕмӕнг, Хуыцау адӕймагӕй уӕлдӕр у!

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Иовы чиныг 33:12
20 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уыимӕ ницы тӕригъӕды бацыди Иов, ницы азым ӕрхаста Хуыцаумӕ.


Уӕлзонды сусӕгтӕ — уӕлзонд бирӕвӕрсыг у — дын куы раргом кӕнид, уӕд базонис, дӕ тӕригъӕдтӕ дын Хуыцау ӕгӕр хорз дӕр ма кӕй бары, уый.


Хуыцауы ды куыд хъуамӕ раиртасай, Ӕппӕтхъомысы ӕххӕстӕй куыд хъуамӕ бамбарай?


Зӕххӕй ӕгӕрондӕр, фурдӕй фӕтӕндӕр у Уый.


Уый ӕрмӕст — Йӕ хъуыддӕгты чысыл хай, куыд гыццыл фехъуыстам Уый тыххӕй! Уӕдӕ Йын Йӕ хъомысы нӕрын та кӕй зонд ӕрцахсдзӕн?»


уӕд ын ӕз хъуамӕ дзуапп раттон, ӕз дӕр ын мӕ хъуыды зӕгъон.


Хуыцау адӕймагмӕ бӕлвырд рӕстӕджы тӕрхонмӕ нӕ сиды.


«Афтӕ дӕм кӕсы, ӕмӕ рӕстдзинад де ’рдыгӕй ис? Ды загътай: „Ӕз Хуыцауӕй растдӕр дӕн ӕви?“


Ӕз дӕуӕн ӕмӕ дӕ хӕлӕрттӕн дзуапп ратдзынӕн уый фӕдыл:


Хуыцау хъомысджын у ӕмӕ Йӕхи нӕ атигъ кӕндзӕн, фидар зӕрдӕ кӕмӕн ис, ууыл.


«Дӕхи ӕрцӕттӕ кӕн дзуапп дӕттынмӕ лӕгау, Ӕз дӕ фӕрсын, ды та мын-иу дзуапп ратт:


Иууылкуырыхон ӕмӕ иууылхъаруджын дӕр Йӕ ныхмӕ куыд фӕлӕудзӕн?


Ӕрмӕстдӕр хорздзинӕдтӕ чи кӕны, тӕригъӕд ӕппындӕр чи никуы ракодта, ахӕм рӕстуд нӕй зӕххыл.


«Израилы байзӕддӕгтӕ! Ау, сымахӕн Мӕ бон, дурынгӕнӕгӕг ӕлыгӕн цы бакуыста, уый бакӕнын нӕу? — зӕгъы Дунедарӕг. — Израилы фӕстагӕттӕ, дурынгӕнӕгӕн ӕлыгыл йӕ бар куыд цӕуы, афтӕ сымах дӕр Мӕ къухы стут.


Сымах зӕгъут, Дунедарӕджы тӕрхон раст нӕу, зӕгъгӕ. Байхъусут-ма, Израилы адӕм! Ау, Ӕз ӕнӕраст тӕрхон кӕнын? Ӕнӕраст тӕрхон сымах кӕнут!


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ