6 Елигу, Барахелы фырт, Бузийы байзӕддаг, загъта: «Ӕвзонг дӕн ӕз, сымах та стут зӕронд, ӕмӕ ӕфсӕрмӕй мӕ хъуыды ӕз нӕ загътон раздӕр.
Зӕронд куырыхон у, бирӕ азтӕ зондыл ӕфтауынц.
не ’хсӕн урссӕр зӕрӕдтӕ дӕр куы ис, дӕ фыдӕй дӕр зӕронддӕртӕ?
Исты ӕппӕт адӕмы разӕй ды райгуырдтӕ, къуылдымтӕй дӕр раздӕр ды равзӕрдтӕ?
Ӕмӕ уӕд Барахелы фырт Елигуйӕн йӕ маст рафыхти. Елигу уыдис Бузийы байзӕддӕгтӕй, Рамы мыггагӕй. Иовмӕ уымӕн смӕсты ис, ӕмӕ уый йӕхи Хуыцауӕй растдӕр хуыдта,
Уымӕй уӕлдай сӕ бон зӕгъын ницыуал у, уый куы федта, уӕд смӕсты ис.
Ӕмӕ дзырдта Елигу дарддӕр:
Ӕмӕ Елигу дзырдта дарддӕр:
Урссӕрӕн-иу сыст ӕмӕ хистӕрӕн кад кӕн. Тӕрс дӕ Хуыцауӕй. Ӕз — Дунедарӕг.
Уӕдӕ, кӕмӕн цы ӕмбӕлы, уый йын дӕттут: хъалон кӕмӕн ӕмбӕлы, уымӕн — хъалон, фиддон кӕмӕн ӕмбӕлы, уымӕн — фиддон, нымайын кӕй ӕмбӕлы, уый нымайут, кад кӕмӕн ӕмбӕлы, уымӕн кӕнут кад.
Зӕронд лӕгмӕ тызмӕгӕй ма дзур, фӕлӕ йын амон, цыма дӕ фыдӕн амоныс, афтӕ. Кӕстӕртимӕ дзур, дӕхи ’фсымӕртимӕ дзурӕгау;
Афтӕ лӕппуты дӕр ахуыр кӕн хиуыл хӕцыныл.
Сымах дӕр, кӕстӕртӕ, кӕсут хистӕрты коммӕ. Уырнджытӕ, уе ’ппӕт дӕр кӕрӕдзийы раз ут сӕрныллӕг, уымӕн ӕмӕ «Хуыцау сӕрыстыртӕн сӕ ныхмӕ у, сӕрныллӕджытӕн та хорзӕх дӕтты».