20 Куы сдзурон, уӕд мын фенцондӕр уыдзӕн, хъуамӕ мӕ дзых байгом кӕнон ӕмӕ исты зӕгъон.
Ныхъхъус ут уӕдӕ, дзырды бар мын раттут.
Мӕ ныхмӕ дзурын кӕд ӕмӕ искӕй бон суа, уӕд ӕз банцайдзынӕн ӕмӕ мӕ уд сисдзынӕн.
«Сагъӕссаг фӕдӕн, ӕмӕ мӕ бон ӕмырӕй лӕууын нал у.
Бабыхсут, цалынмӕ дзурон, уӕдмӕ, дзырд куы фӕуон, уӕд-иу мыл худут.
ног сӕнӕй йедзаг ӕмӕ ӕхгӕд лалымау фӕйнӕрдӕм атоныны ӕввонг дӕн.
Мӕ разы чифӕнды дӕр уӕд, цурон ныхасмӕ мӕм мачи ӕнхъӕлмӕ кӕсӕд.
«Куы дын бафӕнда исты зӕгъын искӕй, уӕд дын йӕ дзырд куы фӕхъыг уа, мыййаг? Фӕлӕ ӕнӕ зӕгъгӕ дӕр куыд ис?