15 Фӕтарстысты, хъусӕй лӕууынц, цы зӕгъой, уый сын нал ис.
Мӕ ныхасыл сӕ дыууӕ ничиуал загътаид, мӕ ныхӕстӕ сӕ уарынау ӕфсӕстой.
Мемӕ нӕ дзырдта Иов, ӕмӕ йын сымах хуызӕн дзуапп нӕ ратдзынӕн.
Ӕнхъӕлмӕ уӕм фӕкастӕн ӕмӕ, кӕд ницыуал зӕгъинаг стут, кӕд афтӕ хъусӕй лӕудзыстут,
Уый куы фехъуыстой, уӕд сӕм диссаг фӕкаст, ныууагътой Йӕ ӕмӕ ацыдысты.
Афтӕ рауади сӕ хабар дыккаг ӕмӕ ӕртыккагӕн, стӕй иннӕтӕн дӕр, суанг ӕвдӕм ӕфсымӕры онг.
Йесо Йӕ ныхасӕй саддукейты кӕй басаста, уый фарисейтӕ куы фехъуыстой, уӕд иумӕ ӕрӕмбырд сты.
Ӕмӕ Йесойӕн дзуапп раттын никӕй бон баци. Уӕдӕй фӕстӕмӕ Йӕм бафӕрсынмӕ йӕ ныфс ничиуал хаста.
Ӕмӕ сын Ӕз уӕд дзуапп ратдзынӕн: «Ӕз уӕ никуы зыдтон. Ацӕут Мӕ цурӕй, фыдгӕнджытӕ!»