13 Афтӕ уӕм ма кӕсӕд, ӕмӕ уӕлзондӕй схайджын стут, Хуыцау, дам ӕй багӕды кӕнӕд, адӕймаг нӕ, фӕлӕ!
дӕ исбонӕй мӕ суанг ӕндах ӕмӕ дзабыры бос дӕр нӕ хъӕуы, цӕмӕй ма зӕгъай, ӕз сбонджын кодтон Аврамы, зӕгъгӕ.
ӕмӕ загъта: «Мадард бӕгънӕгӕй рацыдтӕн мӕ мады гуыбынӕй ӕмӕ уырдӕм дӕр мадард бӕгънӕгӕй ацӕудзынӕн: Дунедарӕг радта, Дунедарӕг айста. Арфӕгонд уӕд Йӕ ном!»
«Лӕгтӕ, ӕцӕгдӕр, сымах стут ӕмӕ, куы амӕлат, уӕд ӕппӕт бӕсты зонд мӕрдтӕм уемӕ ахӕсдзыстут!
Батӕригъӕд мын кӕнут, мӕ хӕлӕрттӕ, — Хуыцауы азар мӕ баййӕфта!
уӕд зонут: Хуыцау мӕ афӕлдӕхта, Уый мӕ баппӕрста цъысымы.
«Сӕлхӕр усы ныхӕстӕ кӕныс! — дзуапп ын радта Иов. — Ау, Хуыцауӕй хорз райсынмӕ цӕттӕ куы вӕййӕм, уӕд Дзы ӕвзӕр исты цӕуылнӕ хъуамӕ райсӕм?» Ӕмӕ йӕ иу ныхасӕй дӕр тӕригъӕды нӕ бацыди Иов.
уӕд мӕнӕуы бӕсты какон сындзытӕ ’рзайӕд, хъӕбӕрхоры бӕсты — хӕмпӕлгӕрдӕг». Ууыл йӕ ныхас фӕци Иов.
Кӕсын, ӕмӕ уӕ иу дӕр Иовы ныхмӕ ницы загъта, йӕ ныхӕстӕн ын дзуапп нӕ радта.
Мемӕ нӕ дзырдта Иов, ӕмӕ йын сымах хуызӕн дзуапп нӕ ратдзынӕн.
уыдон Хуыцауы комытӕфӕй бабын вӕййынц, Йӕ масты раулӕфтӕй ӕрбайсӕфынц.
Ӕппӕтхъомысы фӕттӕ мӕ ахызтысты, марг дарынц мӕ удӕн, фыртас мыл бафтыдта Хуыцау.
Ӕмӕ уын уымӕн дзырдтон рагагъоммӕ, цӕмӕй афтӕ ма зӕгъат, уыцы хъуыддаг нӕ гуымирытӕ сарӕзтой, хъӕд ӕмӕ ӕфсӕйнагӕй кӕй скодтам, уыдон.
Уыцы хабар раджы дӕр ӕмӕ ӕрӕджы дӕр не ’рцыди, фӕлӕ ӕрцӕудзӕни рӕхджы, уымӕ гӕсгӕ йӕ сымах нӕма фехъуыстат ӕмӕ уӕ бон зӕгъын нӕу, нӕхӕдӕг дӕр ӕй зыдтам, зӕгъгӕ.
Додой сӕ къона, йӕхи цӕсты куырыхон чи у ӕмӕ йӕхи зондджын чи хоны!
Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Куырыхон хъал ма уӕд йӕ зондӕй, тыхджын — тыхӕй, хъӕздыг — йӕ мулкӕй.
Ды Даниилӕй зондджындӕр дӕ, ӕппӕт сусӕгтӕ дӕр дын ӕргом сты.
Дунедарӕг ӕппӕты разӕй фервӕзын кӕндзӕн Иудӕйы цатыртӕ, цӕмӕй Давиды байзӕддӕгтӕ ӕмӕ Йерусалимы цӕрджыты кад Иудӕйы кадӕй ма фӕуӕлдӕр уа.
Йесо йын дзуапп радта: «Дӕ бар Мыл ӕппындӕр нӕ цӕуид, уый дын уӕларвӕй лӕвӕрд куы нӕ уаид, уӕд. Уымӕ гӕсгӕ, Мӕн дӕ къухмӕ чи радта, уымӕн йӕ тӕригъӕд дӕ тӕригъӕдӕй уӕззаудӕр у».
Йӕхи уӕ мачи сайӕд. Кӕд сымахӕй искӕмӕ афтӕ кӕсы, ӕмӕ ацы дунейы зондджын у, уӕд суӕд «ӕдылы», ӕмӕ ӕцӕгӕй уыдзӕни зондджын.
Дунедарӕг Гедеонӕн загъта: «Демӕ ӕгӕр бирӕ адӕм ис, мидианӕгты уын басӕттын нӕ бауадздзынӕн, уымӕн ӕмӕ уӕд израилӕгтӕ фестырзӕрдӕ уыдзысты, нӕхи хъарутӕй не знӕгтыл фӕуӕлахиз стӕм, зӕгъгӕ.