1 Иов йӕ рӕстдзинадыл дызӕрдыг нӕ кӕны, уый куы бамбӕрстой йе ’ртӕ хӕлары, уӕд ныхъхъус сты, ницыуал ӕм дзырдтой.
Хуыцауӕн зӕгъдзынӕн: тӕрхон рахӕссынмӕ тагъд ма кӕн, мӕ азым уал мын бамбарын кӕн!
Зоныс ӕй, азымджын кӕй нӕ дӕн, фӕлӕ мӕ Дӕ къухтӕй ничи фервӕзын кӕндзӕн.
Мары мӕ — уӕддӕр Ыл мӕ зӕрдӕ дардзынӕн, мӕ рӕстдзинадыл дзурдзынӕн Йӕ разы,
Ӕз мӕ сӕрыл мӕхӕдӕг рахӕцдзынӕн, уымӕн ӕмӕ, раст дӕн, уый зонын.
Дӕ тӕригъӕд дӕ ардауы афтӕ дзурыныл, ӕмӕ мӕнгард ныхас кӕныс.
Уӕдӕмӕ дӕ фыдракӕндтӕ сбирӕ сты, дӕ тӕригъӕдтӕн кӕрон нӕй.
Уӕд рӕстуд быцӕу кӕнид Йемӕ, мӕ Тӕрхонгӕнӕг мӕ сраст кӕнид мыггагмӕ.
Мӕхи хъустӕй фехъуыстон дӕ ныхас, мӕ хъустыл уайы ныр дӕр ма:
Сыгъдӕг, дам, дӕн ӕз, ӕнӕкъӕм, ницы азым мӕм ис, сыгъдӕг дӕн.
Иууылдӕр иумӕ сӕ дӕлдзӕхы баныгӕн, ныккӕнды дуӕрттӕ сыл сӕхгӕн.
Уӕхи ӕрӕмбарут, фыддзинад ма ’руадзут, ӕрбайхъусут, ме ’рдыгӕй ис рӕстдзинад!