9 Кӕд сылгоймагмӕ мондаг кодтон ӕмӕ-иу искӕй дуармӕ бахъуызыдтӕн,
Куы базӕронд ис, уӕд ӕй фӕцахуыр кодтой ӕндӕр хуыцӕуттӕм кувыныл, ӕмӕ йӕ фыд Давидау тынг ӕнувыд уыди Дунедарӕгыл, йӕ Хуыцауыл, зӕгъгӕ, уый зӕгъӕн дзы нал уыд.
Уыдӕтты тыххӕй, зӕгъын, нӕ фӕтӕригъӕдджын ис Израилы паддзах Соломон? Ахӕм паддзах иунӕг адӕммӕ дӕр нӕ уыди. Йӕ Хуыцау ӕй уарзта ӕмӕ йӕ ӕппӕт израилӕгтӕн паддзах скодта, фӕлӕ йӕ ӕндӕрбӕстаг сылгоймӕгтӕ фӕтӕригъӕдджын кодтой.
Мӕ цӕстытимӕ баныхас кодтон, сылгоймагмӕ ӕнӕфсарм каст кӕй нӕ бакӕндзынӕн.
Искӕй усы ’взаг — арф сӕрсӕфӕн, Дунедарӕг кӕй ралгъита, уый дзы ныххаудзӕн.
Йӕ рӕсугъдмӕ йын ма бабӕлл дӕ зӕрдӕйы, йӕ цӕстыхауты тъӕбӕрттӕй йын ма атай.
Исчи йӕ роны зынг куы бавӕра, уӕд уымӕн гӕнӕн ис, цӕмӕй йӕ дарӕс ма басудза?
Алыхуызон хинӕйдзаг митӕй йӕ асайдта, адджын ныхӕстӕй йӕ фӕрӕдийын кодта.
Ӕз бамбӕрстон: мӕлӕтӕй фыддӕр — къӕппӕджы ’нгӕс сылгоймӕгтӕ; сӕ зӕрдӕтӕ — ахсӕн хызтӕ, сӕ къухтӕ — хъадамантӕ. Хуыцауы раз раст адӕймаг чи у, уый ахӕм сылгоймагӕй аирвӕздзӕн, тӕригъӕдджын йӕ ахсӕн хызы бахаудзӕн.
Хӕрзхаст бӕхтау схъахбай сты, алчидӕр дзы мыр-мыр кӕны кӕйдӕр усмӕ.
Се ’ппӕт дӕр схъахбай сты, хыссӕ цалынмӕ хӕрдмӕ цӕуы, уӕдмӕ кӕрдзынгӕнӕг цы зынг пец фӕуадзы, уыйау — арт цырен кӕнын нал хъӕуы!
Исчи искӕй усимӕ куы ӕрӕмуат уа, уӕд дыууӕйӕ дӕр мард ӕрцӕуӕнт — нӕлгоймаг дӕр ӕмӕ сылгоймаг дӕр.
Ма бабӕлл искӕй усмӕ, искӕмӕн ма бабӕлл мадӕр йӕ хӕдзармӕ, мадӕр — йӕ хуыммӕ, мадӕр — йӕ цагъартӕм, мадӕр — йӕ галмӕ, мадӕр — йӕ хӕрӕгмӕ. Искӕй исӕй мацӕмӕ бабӕлл“.
Филистимӕгты хицӕуттӕ Далилӕмӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ йын загътой: «Ракъах Самсоны: ахӕм хъару йӕм кӕцӕй ис? Куыд ыл фӕуӕлахиз уӕм? Куыд ӕй ис сбӕттӕн ӕмӕ басӕттӕн? Махӕй дын алчидӕр мин ӕмӕ сӕдӕ шекелы ӕвзист ратдзӕни».