8 уӕд, цы байтыдтон, уый искӕмӕн хӕринаг фӕуӕд, мӕ хуымы цы ’рзади, уыдон мын сӕ бындзарӕй стындӕуӕд!
Сау бон ыл акӕндзӕн, йӕ талатӕ арты бавзалы уыдзысты, Хуыцауы комытӕфӕй ӕрбайсӕфдзӕн.
Нӕдӕр ын цот ис, нӕдӕр цоты цот, адӕмы ’хсӕн йӕ хӕдзар дзӕгъӕлӕй баззайдзӕни.
Йӕ фӕллӕйттӕ хиды бынты ацӕудзысты, йе ’фтиӕгтыл цин нӕ кӕндзӕн.
Кӕйдӕр быдыртӕ кӕрдынц, ӕнӕхуыцауы сӕндоны рох гагатӕ уидзынц.
суанг Аваддонмӕ чи ӕркӕны, ахӕм бынсыгъдгӕнӕг арт, ӕмӕ мӕ тыллӕг ӕд уидӕгтӕ йӕ амӕттаг фӕуыдаид.
уӕд уын Ӕз мӕнӕ цы бакӕндзынӕн: тарниз ӕмӕ уыл тӕвдниз бафтаудзынӕн, уӕ цӕстыты рухс баталынг уыдзӕн, ӕмӕ удхарӕй мӕлдзыстут. Уӕ хуымтӕ-иу байтаудзыстут дзӕгъӕлы: уӕ фыдгултӕ-иу бахӕрдзысты уӕ тыллӕг.
Таугӕ цы бакӕнай, уый не ’ркӕрддзынӕ; сойы гагатӕ балӕмардзынӕ, фӕлӕ дӕхи сойӕ нӕ байсӕрддзынӕ, сӕнӕфсиртӕ бассӕнддзынӕ, фӕлӕ сӕн нӕ нуаздзынӕ.
Уымӕ гӕсгӕ раст уыдзӕни ӕмбисонд: „Иу тауы, иннӕ кӕрды“.
Бирӕ мыггаг байтаудзыстут быдыры, фӕлӕ дзы хор бирӕ нӕ сисдзыстут — мӕтыхтӕ йӕ аныхъуырдзысты.
Уӕ фос ӕмӕ уын уӕ зӕххы тыллӕг аныхъуырдзысты, ӕмӕ бацарӕфтыд уыдзыстут. Хоры гага, сӕны цъыртт ӕмӕ уын оливӕйы сойы ӕртах нал ныууадздзысты, уе стуртӕ ӕмӕ фысвосӕй уӕ ӕнӕхай фӕкӕндзысты, ӕмӕ фесӕфдзыстут.
«Хуыцӕутты Хуыцау — Дунедарӕг! Хуыцӕутты Хуыцау — Дунедарӕг! Уый йӕ зоны, ӕмӕ йӕ Израилы адӕм дӕр зонӕнт! Кӕд мах Дунедарӕджы ныхмӕ рацыдыстӕм, стырзӕрдӕ Йыл кӕнӕм, уӕд нӕ тӕккӕ абон Дунедарӕджы фыдӕх баййафӕд!