37 Мӕ алы къахдзӕф дӕр Хуыцауӕн раргом кӕнин, Йӕ размӕ рацӕуин ӕлдарау.
Уый йын загъта: «Нырӕй фӕстӕмӕ дӕ ном уыдзӕн Йаков нӕ, фӕлӕ Израил, уымӕн ӕмӕ ды хӕцыдтӕ Хуыцауимӕ ӕмӕ адӕмыл дӕр уӕлахиз кӕндзынӕ».
Авд мины йӕм фыстӕ ӕмӕ сӕгътӕ уыди, ӕртӕ мины — теуатӕ, фондзсӕдӕ — сыл хӕрджытӕ, фондзсӕдӕ цӕды — галтӕ. Йӕ бирӕ фӕсдзӕуинтӕ йын йӕ хабӕрттӕ кодтой, йӕхицӕй номдзыддӕр нӕ уыди Скӕсӕны.
Мары мӕ — уӕддӕр Ыл мӕ зӕрдӕ дардзынӕн, мӕ рӕстдзинадыл дзурдзынӕн Йӕ разы,
Мӕ алы къахдзӕф дӕр мын нымайыс ныр, фӕлӕ мӕм уӕд тӕригъӕд кӕд нал агурис,
Сымах зӕгъдзыстут: „Цы фесты уӕздӕтты хӕдзӕрттӕ, ӕнӕхуыцӕутты цатыртӕ цы баисты?“
Ӕз сын фӕндаг амыдтон, цыдтӕн сӕ разӕй, раст цыма паддзах — йе ’фсадимӕ, хъыггӕнджытӕн ныфсӕвӕрӕг уыдтӕн.
Ӕз уыцы фыст ме ’ккой скӕнин, мӕ сӕрыл ӕй кады худау ӕркӕнин.
Ӕви мын Хуыцау мӕ фӕндӕгтӕ нӕ уыны, ӕви мын мӕ алы къахдзӕф дӕр нӕ нымайы?
Йӕ ныхмӕ чи бахъаст кӕндзӕн ӕмӕ Йын Йӕ мин фарстӕй иуӕн дӕр дзуапп чи ратдзӕн?
Чырыстиимӕ кӕй баиу стӕм ӕмӕ Йыл кӕй ӕууӕндӕм, уый фӕрцы нӕ бон у уӕндонӕй ӕмӕ ныфсджынӕй Хуыцауы раз ӕрлӕууын.