23 Ӕз Хуыцауы азарӕй тынгдӕр ницӕмӕй тарстӕн, Йе стырады раз ахӕм исты ракӕнын нӕ бауӕндыдаин.
ацы хӕдзары мӕ скодта йе ’мсӕр. Тобӕ мын ницӕмӕй загъта — дӕуӕй фӕстӕмӕ: ды йӕ ус дӕ. Куыд хъуамӕ бакӕнон ныр ахӕм ми, куыд хъуамӕ бацӕуон тӕригъӕды Хуыцауы раз?»
Мӕ размӕйы облӕсты хицӕуттӕ та адӕмыл уаргъ ӕвӕрдтой: ӕвзисты дыууиссӕдз шекелӕй уӕлӕмӕ ма адӕмӕй домдтой хор ӕмӕ сӕн. Суанг ма сӕ фӕсдзӕуинтӕ дӕр ӕлдариуӕг кодтой адӕмӕн. Фӕлӕ ӕз афтӕ нӕ кодтон, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕй тӕрсын.
Ау, Йе стырадӕй не стъӕлфут, Йӕ азарӕй Йын нӕ тӕрсут?
Бухъхъ цардӕй цӕрдзӕн, афтӕ йӕ Хуыцауы азар баййафдзӕн, ихуарӕгау ыл ныккӕлдзӕн.
цӕмӕй сӕхи цӕстӕй феной се сӕфт, Ӕппӕтхъомысы азар сӕхӕдӕг куыд бавзарой.
Дудгӕбон акодта мӕ сӕрыл, мӕ кад мын дымгӕмӕ ныддардӕуыд, мӕ цардамонд ӕврагъау атади.
Ау, фыдбылызы хъуамӕ тӕригъӕдджын ма бахауид, фыдгӕнӕгӕн ма ӕрцӕуид йе сӕфт?
Уӕд Ӕз Мӕхӕдӕг дӕр баууӕнддзынӕн, дӕ рахиз къух дӕ кӕй фервӕзын кӕндзӕн, ууыл.
Мӕ зӕрдыл ӕрлӕууы, куыд-иу зарыдтӕн, ӕхсӕвыгон мӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсын, уӕдӕ цы ракодтон, зӕгъгӕ.
Дӕ паддзахы бадӕны бындур — рӕстдзинад ӕмӕ раст тӕрхон; Дӕ хорзӕх ӕмӕ Дӕ иузӕрдиондзинад цӕуынц Дӕ разӕй.
Ӕрдиаг кӕнут — Дунедарӕгӕн Йӕ тӕрхоны бон ӕрӕввахс, Ӕппӕтхъомыс дӕрӕнгӕнгӕ ӕрцӕудзӕн.
О, уыцы бон! Ӕрхӕццӕ кӕны Дунедарӕджы Бон, Ӕппӕтхъомысы гӕныстонау ӕрцӕудзӕн.
Мах зонӕм Бардарӕджы тас ӕмӕ ӕууӕндын кӕнӕм адӕмы. Цы стӕм, уый Хуыцауӕн зындгонд у; афтӕ ӕнхъӕл дӕн, ӕмӕ сымах дӕр мах тыххӕй алцыдӕр зонут.