21 кӕд искуы сидзӕрмӕ мӕ къух систон, тӕрхон мӕ фарс кӕй уыдзӕн, уый ныфсӕй,
Ды-иу сидзӕргӕсты афтидармӕй арвыстай, сидзӕрты-иу ихы сӕрыл ныууагътай.
Дзидзидай сидзӕры йӕ мады риуӕй ратонынц, хӕсты ныхмӕ мӕгуыр адӕмӕн сӕ сабиты байсынц цъынды.
уымӕн ӕмӕ ӕз мӕгуыр лӕгӕн уыдтӕн фӕдисон, сидзӕры ӕфхӕрын нӕ уагътон.
Ӕз-иу сахары кулдуары размӕ рацыдтӕн, фӕзы-иу мӕ бадӕны ӕрбадтӕн,
Ау, мӕ къӕбӕр искуы сусӕгӕй бахордтон, сидзӕрӕн-иу дзы нӕ фӕхай кодтон?
кӕд-иу йе уӕнгтӕ не схъарм сты мӕ фӕрцы, кӕд ӕй мӕ уӕрыччыты хъуын нӕ бахъарм кодта;
Сымах сидзӕры тыххӕй хӕлттӕ ӕппарут, уӕ хӕларӕн дзыхъхъ къахут.
Ӕркӕс-ма, Де знӕгтӕ мӕ сӕ хъӕрахсты бын фӕкодтой. Йе сӕфт Дӕ чи уыны, уыдон схӕцыдысты сӕ сӕртыл.
Снард сты, сӕ буӕрттӕ фыр нӕрдӕй ӕрттивынц, сӕ фыдракӕндтӕн кӕрон нал ис. Сидзӕрты хъаст сӕхи пайдайӕн ӕвзарынц, раст тӕрхон нӕ кӕнынц, нӕ хъахъхъӕнынц мӕгуырты бартӕ.
Дӕ цӕрджытӕ ӕлгъ кӕнынц сӕ ныййарджытыл, ӕфхӕрынц ӕрцӕуӕггаджы, сидзӕры ӕмӕ идӕдзы.
Ӕрмӕст фыдбылызтӕ аразынмӕ сты дӕсны: барджын агуры лӕвӕрттӕ, тӕрхоны лӕг — гӕртӕмттӕ; бӕстӕйы хицау, цы йӕ бахъӕуы, уый ӕрдомы, иууылдӕр кӕрӕдзиимӕ сты ныхасгонд.