2 Фӕлӕ мын цы ныхфыст ис уӕларвон Хуыцауӕй? Фӕлӕ мын цы исбон лӕвӕрд ис Ӕппӕтхъомысӕй, уӕларвӕй?
Уӕлӕрвты мын ис Ӕвдисӕн, бӕрзӕндты мын ис Сӕрылхӕцӕг.
Ӕнаккагӕн ахӕм хъысмӕт сныв кодта Хуыцау, уый йын — Хуыцауы тӕрхон».
Ӕнаккӕгты зынг арӕх ахуыссы, бӕллӕхы арӕх бахауынц? Хуыцауы фыдӕх сӕ арӕх баййафы?
«Уымӕ ис уӕлдӕр хицаудзинад, ӕмӕ Дзы куыннӕ тарстӕуа? Уый ӕвӕры дунейы уаг Йӕ бӕрзӕндӕй!
Ӕнӕхуыцауӕн ахӕм хъысмӕт сныв кодта Хуыцау, ӕфхӕрӕг Ӕппӕтхъомысӕй ахӕм исбон айсдзӕн:
Фӕлӕ сын кӕд Дунедарӕг, нырмӕ чи не ’рцыди, исты ахӕм ми бакӕна, кӕд сӕм зӕхх йӕ ком фӕхӕлиу кӕна ӕмӕ сӕ се ’ппӕт исбонимӕ аныхъуыра ӕмӕ цӕрдудӕй мӕрдтыбӕсты хай бауой, уӕд ӕй зонут, ацы адӕймӕгтӕ Дунедарӕгыл сӕхи атигъ кодтой».
Алчидӕр къайадӕн кӕнӕд аргъ ӕмӕ уӕ хуыссӕн уӕд сыгъдӕг. Хӕлд адӕмӕн ӕмӕ хӕзгултӕн Хуыцау тӕрхон кӕндзӕн.