18 Мӕ рагбонтӕй нырмӕ ӕз сидзӕртӕн уыдтӕн фыдау, мӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ сидзӕргӕсӕн йе ’нцой лӕууыдтӕн.
Йоаш дӕр ӕй ӕнӕ дзуаппӕй куыд ныууагътаид ӕмӕ йӕм ахӕм дзуапп арвыста: «Ливайнаг какон сындз ливайнаг кедрӕн загъта, дӕ чызджы мын мӕ лӕппуйӕн ратт, зӕгъгӕ. Фӕлӕ ууылты тугдзых сырдтӕ фӕцӕйцыдысты ӕмӕ йӕ сӕ къӕхты бын ныссӕстой.
Мардохейы фыды ’фсымӕр ӕмӕ йӕ ус амардысты, сӕ чызг Хадассӕ, Естер дӕр ӕй хуыдтой, сидзӕрӕй баззад, ӕмӕ йӕ Мардохей схъомыл кодта. Цӕсгомӕй дӕр ӕмӕ кондӕй дӕр Естер тынг рӕсугъд уыди.
Ды-иу сидзӕргӕсты афтидармӕй арвыстай, сидзӕрты-иу ихы сӕрыл ныууагътай.
уымӕн ӕмӕ ӕз мӕгуыр лӕгӕн уыдтӕн фӕдисон, сидзӕры ӕфхӕрын нӕ уагътон.
Фӕхӕцӕг кӕмӕн нӕй, уыдонӕн фыд уыдтӕн, ӕнӕзонгӕйӕн-иу йӕ хъаст равзӕрстон лӕмбынӕг.
Ау, мӕ къӕбӕр искуы сусӕгӕй бахордтон, сидзӕрӕн-иу дзы нӕ фӕхай кодтон?
Дарӕсхъуаг чи уыд ӕмӕ уазалӕй чи мард, уыцы мӕгуырмӕ кӕд искуы уазалцӕстӕй кастӕн,
Дӕ къӕбӕр адих кӕн стонгимӕ, рахау-бахаугӕнӕг мӕгуыры дӕ хӕдзармӕ бахон, гомгӕрцц адӕймагыл уӕлӕдарӕс скӕн. Дӕ адӕмӕй ӕххуысхъуаг чи у, уымӕй дӕхи ма аиуварс кӕн.