13 Кӕд ӕз, сылгоймагӕй уа, нӕлгоймагӕй, мӕ хӕдзары кусджыты бартӕ ницӕмӕ дардтон ӕмӕ сын сӕ хъаст не ’взӕрстон,
уӕд цы зӕгъдзынӕн, Хуыцау мӕ ныхмӕ куы ралӕууа ӕмӕ мӕ дзуапп куы ӕрдома, уӕд?
Ӕгъатыр хицау сын ма у, дӕ Хуыцауӕй тӕрс.
Уӕ бон сӕ у уӕ байзӕддӕгтӕн исбонӕн ныууадзын, семӕ уӕхи, куыд цагъартимӕ, афтӕ дарын, фӕлӕ уе ’фсымӕртӕн, израилӕгтӕн, карз хицӕуттӕ ма ут.
Сымах дӕр, хицӕуттӕ, уӕ цагъартӕм ахӕм цӕстӕй кӕсут, ныууадзут уе ’ртхъирӕнтӕ. Хъулон Чи никӕй кӕны, сымахӕн дӕр ӕмӕ уыдонӕн дӕр уӕлӕрвты ахӕм Бардарӕг кӕй ис, уый уӕ рох ма уӕд.
Хицӕуттӕ, уӕ цагъартимӕ ут рӕстзӕрдӕ, кӕсут сӕм хорз цӕстӕй. Сымахӕн дӕр уӕларвы Бардарӕг кӕй ис, уый уӕ рох ма уӕд.