10 уӕд мӕ бинойнаг ӕндӕрӕн ӕруат кӕнӕд, искӕй хӕзгул суӕд.
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: „Ӕз дын афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ дӕм бӕллӕх дӕхи хӕдзарӕй ӕрбабырсдзӕн. Дӕ устыты дын дӕ цурӕй ракӕндзынӕн, искӕй фыццаг сӕ скӕндзынӕн, ӕмӕ уый бон-сихорафон семӕ ӕрӕмуат уыдзӕни.
Ды уый сусӕгӕй бакодтай, Ӕз та дын уыцы хъуыддаг ӕппӕт Израилы раз боны рухсмӕ сараздзынӕн“».
уӕд мӕ къух йӕ рӕбыныл ахауӕд, уӕд мӕ цонг ме уӕхскӕй фӕиртӕсӕд!
ӕмӕ Мысыры бӕстӕйы алы фыццаг зӕнӕг ӕрбамӕлдзӕн — паддзахы бадӕны бадӕг фараоны хистӕр фырт дӕр, ӕрмгуыройӕ хор чи ссы, уыцы цагъар сылгоймаджы хистӕр фырт дӕр ӕмӕ ӕппӕт фосы фыццаг зӕйц дӕр.
Ӕрмгуыроймӕ ӕрӕвнал ӕмӕ ссын райдай! Дӕ кӕрдӕн сис, дӕ фӕччитыл схӕц, дӕ уӕрджытӕ байгом кӕн ӕмӕ дӕтты сӕрты хиз!
Уый тыххӕй сын Ӕз сӕ устыты ӕндӕртӕн ратдзынӕн, сӕ быдыртӕ та — ног хицӕуттӕн. Уымӕн ӕмӕ стырӕй, чысылӕй мулкмондаг сты, сауджынӕй, пехуымпарӕй — мӕнгард.
Дыууӕ сылгоймаджы ӕрмгуыройыл сдзысты хор — сӕ иу ист ӕрцӕудзӕн, иннӕ та баззайдзӕн.
Сылгоймагимӕ бафидаудзынӕ, фӕлӕ дӕ усаг ӕндӕры бауыдзӕн. Хӕдзар сараздзынӕ, фӕлӕ дзы ӕндӕр чидӕр ӕрцӕрдзӕн. Сӕндон скӕндзынӕ, фӕлӕ дзы тыллӕг не ’рӕмбырд кӕндзынӕ.