9 Ӕмӕ ма суанг уыдонӕн дӕр ӕз фӕндырты цӕгъдинаг фӕдӕн.
Мӕ хӕлӕрттӕ мыл сӕхи худӕгӕй хӕссынц, Хуыцау, дам ын мӕнӕ цы дзуапп радта — ӕнӕкъӕм рӕстуд сын хъазӕнхъул сси!
Хуыцау мӕ адӕмы дзыхы бафтыдта, ӕмӕ мын мӕ цӕсгомыл тутӕ кӕнынц.
Хъодыгонд адӕм, ном кӕмӕн нӕй, уыцы фидиссӕгтӕ, алы ранӕй дӕр — тард!
Паддзахы чызгӕн йӕ намыс — йӕ уды фидауц, йӕ дарӕс — сыгъзӕринӕй нывӕфтыд.
О Дунедарӕг, асайдтай мӕ ӕмӕ сайд дӕн. Фӕуӕлахиз мыл дӕ, уымӕн ӕмӕ Ды тыхджындӕр дӕ. Хъазинаг сдӕн ӕрвылбон, алкӕмӕн — хынджылӕггаг!
Мӕ адӕмӕн ӕз хъазинаг куы сдӕн, куы кӕнынц алы бон мӕ фыдгой!
ныххӕлиу кодтой не знӕгтӕ сӕ дзыхтӕ, цӕмӕй нӕ аскъуыдтӕ кӕной!
Ӕркӕс-ма: бадгӕ кӕной ӕви сыстой — мӕныл худынц ӕдзухдӕр!