8 Хъодыгонд адӕм, ном кӕмӕн нӕй, уыцы фидиссӕгтӕ, алы ранӕй дӕр — тард!
Йе ’наккаг хъуыддӕгтӕй фӕзмыдта Израилы паддзӕхты, уыимӕ Ахавы бинонты, уымӕн ӕмӕ йӕ бинойнаг Ахавы чызг уыд. Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы у, уыдӕттӕ кодта.
Ахазиа дӕр Ахавы мыггаджы фӕндагыл цыди, уымӕн ӕмӕ йын уынаффӕгӕнӕг уыдис йӕ мад, ӕнӕхуыцау митыл ӕй ардыдта.
Къутӕртӕй сӕ ниуын цӕуы, хӕмпӕлгӕрдӕджы бын батымбылтӕ вӕййынц.
Ӕмӕ ма суанг уыдонӕн дӕр ӕз фӕндырты цӕгъдинаг фӕдӕн.
Ӕви дӕумӕ дӕр Хуыцауы хъомыс ис, дӕуӕн дӕр Уыйау дӕ хъӕлӕс арвгӕрӕтты уырауы?
Ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл чи цӕуы, уыдон мастӕй цух ма уӕнт. Ӕз семӕ туджы нывӕндтӕ нӕ хӕсдзынӕн, ме ’взагыл сӕ хуыцӕутты нӕмттӕ нӕ уыдзысты.
«Ницыфенджытӕ! Кӕдмӕ цӕрдзыстут ницы зонгӕйӕ? Ӕдзӕсгӕмттӕ! Уӕ къӕйных митӕй уӕ мондӕгтӕ кӕдмӕ исдзыстут? Ӕдылытӕ! Зонынад уын ӕнӕуынон кӕдмӕ уыдзӕн?
Уӕлзонды райдиан — Хуыцауы тас; зондамындыл ӕлгъ чи кӕны, уый ӕдылы у.
Зонд кӕмӕ ис, уыдонӕн уый — царды гуырӕн, зондцухӕн та йе ’дылыдзинад — йӕ азар.
Уымӕн ӕмӕ ӕнӕхуыцау ӕнӕхуыцау ныхӕстӕ кӕны, фыдвӕндтӕ кӕны йӕхимидӕг, ӕнӕхуыцау сты йӕ митӕ, Дунедарӕджы тыххӕй тӕригъӕд дзуры, ӕххормагӕн комдзаг хӕлӕг кӕны, дойныйӕ мӕлӕгӕн — дон.
Сывӕллӕтӕ сугтӕ ӕмбырд кӕнынц, сӕ фыдӕлтӕ арт ссудзынц, сылгоймӕгтӕ та хыссӕ скӕнынц, цӕмӕй уӕларвы ус-хуыцауӕн гуылтӕ фыцой. Цӕмӕй Мӕн смӕсты кӕной, уый тыххӕй ӕндӕр хуыцӕуттӕн сӕн ӕмӕ сойы хуынтӕ ӕрбахӕссынц.
Фаджысы бын дӕ фӕкӕндзынӕн, куыд сӕгад дӕ, уый алчидӕр куыд уына, афтӕ.
Муртаттӕгты ӕвджид Ӕй ныууадздзысты, цӕмӕй Дзы уыдон хъазинаг скӕной, ехсӕй Йӕ фӕнӕмой ӕмӕ Йӕ дзуарыл байтындзой, фӕлӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕн».
Чызг рацыд ӕмӕ йӕ мады бафарста: «Цы ракурон?» Уый йын загъта: «Аргъауӕг Иоанны сӕр».