6 Ахӕмтӕ хуыскъ адӕгты скӕнынц бынат, къӕдзӕхы ’хсӕнты, зӕххы скъуыдты ӕрцӕрынц.
Адӕм сӕ ӕввахс нӕ уагътой сӕхимӕ, сӕ фӕдыл-иу хъӕр кодтой, цыма къӕрныхтӕ уыдысты, уыйау.
Къутӕртӕй сӕ ниуын цӕуы, хӕмпӕлгӕрдӕджы бын батымбылтӕ вӕййынц.
Адӕм къӕдзӕхты скъуыдты ӕмӕ зӕххы рыджы бамбӕхсдзысты сӕхи, Дунедарӕджы тасӕй, Йӕ кады стырадмӕ кӕсгӕйӕ, Уый зӕххыл Йӕ азар куы ныххуырса, уӕд.
Зӕххон паддзӕхтӕ ӕмӕ стыр хицӕуттӕ, ӕфсӕддон разамонджытӕ ӕмӕ хъӕздгуытӕ, тыхджынтӕ, алы цагъар ӕмӕ алы сӕрибар дӕр бамбӕхстысты лӕгӕтты ӕмӕ хӕхты — къӕдзӕхты ӕхсӕн.
Израилӕгтӕ мидианӕгты ’фсондзы бын хъизӕмарӕй мардысты, къӕдзӕхты цъассыты, лӕгӕтты ӕмӕ ӕвадат хӕхты бӕрзӕндты бамбӕхстысты.